филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:28 суббота, 28 сентября 2024
04 июня 2019, 12:36
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизир хорзæхгонд æрцыд «Севастополь суæгъд кæныны 75 азы кадæн» майданæй

Кадджын уавæры йын æй радта Хицауады сæрдары хæдивæг, Уæрæсейы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Гулуты Хизир хорзæхгонд æрцыд «Севастополь суæгъд кæныны 75 азы кадæн» майданæй. Кадджын уавæры йын æй радта Хицауады сæрдары хæдивæг, Уæрæсейы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис. Куыд фæбæрг кодта, афтæмæй Севастополь фашисттæй суæгъд кæныныл ацы аз æххæст кæны 75 азы.Уымæ гæсгæ Севастополы губернатор Дмитрий Овсянников æрбарвыста хæрзиуæг, тугкалæн тохы хъæбатырæй цы хæстон архайдта, уыцы ветеран Гулуты Хизирæн. Дзанайы-фырт раафæ кодта хæствæллад хистæрæн, абон дæр ма куыд фæбæрг кодта, афтæмæй йе вæрæн хæссы рæзгæ фæлтæры патриотон хъомыладмæ. Гулуты Хизиры хæстон фæндаг куы райдыдта, уæд ыл цыд æрмæстдæр 16 азы. Архайдта Хъырым суæгъд кæныны тохы. Хæсты ветеран иу æмæ дыууæ сæрмагонд операцийы нæ архайдта, йæ хъæбатæрдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд бирæ майдантæй æмæ ордентæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania