филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:21 суббота, 28 сентября 2024
05 мая 2020, 16:30
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Мамсыраты Ислам ацы бонты сбæрæг кодта йæ 100 азы юбилей

Архайдта Румыни, Болгари, Молдави, Югослави æмæ Венгри суæгъд кæныны тохты

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Мамсыраты Ислам ацы бонты сбæрæг кодта йæ 100 азы юбилей. Архайдта Румыни, Болгари, Молдави, Югослави æмæ Венгри суæгъд кæныны тохты. Уæлахизыл сæмбæлд Будапешты уæвгæйæ. Мамсыраты Ислам хорзæхджын у Фыдыбæстæйы хæсты æмæ Сырх Стъалыйы Ордентæй, хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй дыууæ майданæй, Жуковы номыл майданæй æмæ бирæ æндæр хæрзиуджытæй. Хæсты ветеранмæ æрæджы уазæгуаты уыдис не сфæлдыстадонорд. Æмæ сын радзырдта йæ мысинæгтæ.

Уæлахизы 75 азы парадыл Мамсыраты Ислам хъуамæ сæбмбæлдаид бæхыл бадгæйæ. Æмæ уыдон хуымæтæг ныхæстæ не сты.  Бахъыгдæрдта йæ пандемийæ. Фæлæ хæсты ветеран нæ фæтыхст, йæ зæрдæ дары, хуыздæр бонтæ та кæй скæндзысты, ууыл.

Хæсты размæ Ислам каст фæци Орджоникидзейы фистæгæфсæддон училищæ. Йе фсæддон службæ райдыдта Ереваны. Уым уыди Фæскавказы æфсæдты хыгъды, цæттæ сæ кодтой зæгъгæ, Туркимæ хæст куы райдайа, уæдмæ. Уый фæстæ дыууæ азы службæ кодта Ираны, æмæ 43-æм азы кæрон Ирыстонæй рацæуæджы Æртыккаг Украинаг Фронты хыгъдмæ. Архайдта Румыни, Болгари, Молдави, Югослави, Австри æмæ Венгри суæгъд кæныны тохты.  Уæлахизыл сæмбæлд Будапешты уæвгæйæ. Мамсыраты Ислам хорзæхджын у Фыдыбæстæйы хæсты æмæ Сырх Стъалыйы Ордентæй, хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй дыууæ майданæй, Жуковы номыл майданæй æмæ бирæ æндæр хæрзиуджытæй. Хæст фæцис. Æрцыди, бæстæ йæ къахыл слæууын кæныны, стæй, хи амонд ссарыны рæстæг. 47-æм азы булкъон Мамсыраты Ислам сæмбæлд йæ фидæны бинойнаг Белеккаты Меретханыл. Уыцы рæстæджытыл бирæ рацыд, фæлæ зæрдæйæ иу минут дæр нæ рох кæнынц.

Ислам 100 аздзыдæй дæр æнцад нæ бады, Йæ бон куыд у, афтæ кусы цæхæрадоны. Æххуыс ын кæны йæ фырт Владимир.

Мамсыраты Исламы фырт Владимир куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыд цы ныссадзы цæхæрадоны, уыдон нæ фæмæнг вæййынц. Алы хатт дæр дзы сисынц хъæздыг тыллæг. Куыд фæзæгъынц, йæ къух рог у. Стæй ныр дæр арæх бабæрæг кæны йæ зæронд хæлæртты.

Ахсджиаг уый у, цæмæй фæлтæртæ зоной хæсты истори.  Мамсыраты бинонтæ хæстон адæмы хъæбатырдзинад æмæ сгуыхтдзинæдтæ нæ рох кæнынц. Милуангай Советон адæмтæ хæцыдысты æмæ тох кодтой, бирæтæ та сæ цард радтой, нæ абоны сабыр царды тыххæй. Махæй æмбарæм, куыд зынтæй бафтыди сæ къухы Уæлахиз. Алы рæстæджы хъæбатыртæ. Хъыгагæн, кæнынц къаддæрæй къаддæр. Æрмæст иу афæдзмæ дзы сæ цардæй ахицæн сты 18-æй. баззади ма дзы 118. Ацы бонты йе нусон бынатмæ ацыди Куымæриттаты Мухтар дæр. Ветерантæн аргъ кæнын æмæ сæ хъуыды кæнын, цалынмæ æгас сты, уæдмæ. Не хсæн чи нал ис, уыдоны рухс ном та ма рох кæнын. Ацы нысан у нæ бæстæйы адæмты иугæнæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania