филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:03 понедельник, 15 декабря 2025
13 января 2020, 12:10
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Николай Поповыл сæххæст 95 азы

Йæ юбилейыл раздæры салдат сæмбæлд йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Николай Поповыл сæххæст 95 азы. Йæ юбилейыл раздæры салдат сæмбæлд йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ. Йæ хæстон фæндаг райдыдта Ростовы областæй, уым райгуырд æмæ 1941-æм азы 16 аздзыд лæппу ацыд фронтмæ. Хæцыд Сырх æфсады алы хæйтты. Днепр хъахъхъæнгæйæ фæцис уæззау цæф æмæ йæ арвыстой госпитальмæ. Йе нæниздзинадмæ гæсгæ фронтмæ йæ нал бауагътой. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй та хорзæхгонд у 2 орденæй, уыдонæй иу Фыдыбæстйы Стыр хæсты 1-æм къæпхæны орден æмæ майдантæй. Хæсты фæстæ куыста Керчы, аразæгæй. Хæсты ветеранæн йæ цоты цот сты 7, уыйас ма уыдоны цот дæр. Николай Поповæн йæ юбилейы фæдыл раарфæ кодтой партии «Иугонд Урæсейы» регионалон хайады уæнгтæ æмæ Цæгат Ирыстоны ветеранты Цæдисы минæвæрттæ. Сæ зæрдæ йын загъта бирæ азты æнæниз цард. Арфæйы ныхæстимæ йын скодтой зæрдылдарæн лæвар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania