филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:22 суббота, 21 сентября 2024
01 июля 2019, 13:01
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, профессор Отараты Ибрагимæн Джызæлы байгом кодтой цыртдзæвæн

Уымæй уæлдай ма хъæуы уынгтæй иу хæсдзæн йæ ном

Цæгат Ирыстоны наукон æмæ дзæбæхгæнæн-профилактикон инфекцион службæйы бындурæвæрæг, Ирыстоны сгуыхт дохтыр, æнæниздзинадхъхъхъæнынады министрады сæйраг инфекционист, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, профессор Отараты Аыксандры фырт Ибрагимæн Джызæлы байгом кодтой цыртдзæвæн. Уымæй уæлдай ма хъæуы уынгтæй иу хæсдзæн йæ ном. Кадджын мадзал арæзт æрцыд Отараты Ибрагимы райгуырды 110 азы кадæн.Профессор стыр æвæрæн бахаста бруцеллезы профилактикæ æмæ йа дзæбæх кæнынмæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ низ канд антибиотиктæй нæ дзæбæх кодта, фæлæ рынчынтæн арæзта дарддæры реабилитаци дæр. Йæ фæрцы иртæст æрцыд Хъæрмæдоны донгуырæны пайда дæр. Фыдыбæстæйы стыр хæсты архайæг, профессор Отараты Ибрагим фæцис 2 уæлдæр ахуыргæнæндоны, бирæ азты разамынд лæвæрдта студентон фæсивæдæн, уыд медицинон академийы инфекцион низты кафедрæйы сæргълæууæг. Ирыстонæн æмæ медицинæйæн цы стыр хæрзты бацыд, уый тыххæй радзырдтой цыртдзæвæн гом кæныны кадджын мадзалы. Архайдтой дзы Отараты Ибрагимы хæстæджытæ, республикæйы æхсæнадон организациты минæвæрттæ, медицинон академийы кусджытæ æмæ Джызæлы цæрджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania