филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 воскресенье, 01 февраля 2026
23 марта 2023, 11:56
Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран Цалиты Сафарбийыл абон æххæст кæны 100 азы

Йе *нусы кармæ фæндаджы тыххæй æрмæг бацæттæ кодта не сфæлдыстадон къорд

Абоны райдзаст цардмæ æвæрæн бахæссæг. Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветеран, Дур-Дуры кадджын цæрæг, Дыгуры районы фæстаг хæствæллад хистæр Цалиты Сафарбийыл абон æххæст кæны 100 азы. Йе *нусы кармæ фæндаджы тыххæй æрмæг бацæттæ кодта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Царды зындзинæдтæ æгæронæй йæхиуыл чи бавзæрста, йæ сабибонтæй абоны онг адæмы райдзаст цардмæ фæндаг аразыныл чи кусы, уыцы Цалиты Сафарби йæ 100 азы юбилейыл сæмбæлд йæ зонд æмæ йæ хъуыдытæй æххæстæй. Йæ царды æппæт мысинæгтæ дæр зæрдæйыл сты, цымæ знон уыдысты, афтæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Дыгуры районы кадджын хистæр, Дур-Дуры хъæуы рухс фидæнмæ тырнæг! Ахæм бон нæй æмæ  Цалиты Сафарби йæ машинæйыл ма бацæуа Дур-Дуры астæумæ, æма ма æрзила ацы номарæн бынатыл. Сафарби, йæ дзæбæх æмхъæуккæгтимæ, æртын азæй фылдæр архайы ам Уæлахизы парк саразыныл. Цы бæлæстæ дзы ныссагъта, уыдон арвмæ дзæвгар атындзыдтой уыцы рæстæгмæ. Æмæ йын æхцондзинад хæссы,  йе рыгон бонты бæллиц саразын ын кæй бантыст, уый.

Артиллерист Цалиты Сафарбийæн ацы сармадзан хуымæтæджы экспонат нæу. Ахæмимæ фæцыд хæстæн йæ райдайæнæй йæ кæронмæ.  Дур-Дуры Уæлахизы парчы артиллерийы хæцæнгарз сæвæрыныл хæствæллад хистæр бирæ азты фæкуыста. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ бæллиц сæххæст Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Цæлыккаты Русланы фарсхæцты фæрцы.

Сырх æфсадмæ йæм фæсидтысты 42-æм азы.  Архайгæ йын рауад Сталинграды хæстыты. Уæд фервæзт æнæнхъæлæджы, уый фæстæ знагæй уæгъд кодтой  Украинæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын хæсты рæстæг  йæ цард сармадзан иу æмæ дыууæ хатты  нæ фервæзын кодта.

Уæвгæ Сафарби, йæ дзæбæх æмхъæуккæгтимæ  30 азмæ хæстæг кусы ацы бынаты фæлгонцыл.  У кæстæртæм, фидæны фæлтæртæм Фыдыбæстæйы хæсты истори хæссæг. Йæ стендтæ дзурæг сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъысмæтыл. Cе хсæн зындгонд æфсæддон разамонджытæ.  Йæ уыцы сарæзт хъуыддæгтæ йын йæ 100 азмæ йæ зæрдæ рухс кæнынц, дыттынц ын хъару.

Дур-Дуры цæрджытæн ацы зæрдылдарæн бынат сси уарзон. Ам арæзт æрцæуы алыхуызы мадзæлттæ. Изæрыгон та дзы фæтезгъо кæнынц алы кары адæм. Хъæбатырты портретты астæу æнæдзургæйæ абадын уарзы ветеран йæхæдæг дæр.

Цалиты Сафарбийы номæн Дур-Дуры ис сæрмагонд бынат. Уый канд хъæуы кадджын цæрæг нæу, фæлæ Дур-Дуры раздæры сæргълæууæг, хъæуы райрæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, ахæм адæймаг.

Цæмæй Сафарбийы æмæ иннæ фыдыбæстæйы хæсты архайджыты фæллæйттæ рохгонд ма уой, ууыл тынг зæрдиагæй кусынц Дыгуры районы «Стыр Ныхас»-ы дæр. Сафарбийы та хъахъхъæнынц цæстыгагуйау. У ма фæстаг, иунæг Фыдæбæстæйы Стыр хæсты цауты æвдисæн.

Дур-Дурыл  йæхи хæдтулгæйыл æрзилын та Сафарбийæн у традицийы хуызы.  Уыимæ æрвылхатт дæр бацæуы Уæлахизы Аллейæмæ. Тугуарын хæсты кæроныл Цалийы фырт сæмбæлд Австрийы. Уæд майы 45-æм азы Германийы  капитуляци сси æфсæддон зындзинæдтæн фæразон чи разынд, уыдоны лæвар.

Абон ветеранæн уæлдай зындæр у  нацизм ногæй царды йæхицæн бынат кæй ары, уый. Азты размæ дзы цы Украинæ суæгъд кодтой, уым.

Йæ хæрзиуджытимæ уæлæдарæс Цалиты Сафарби йæ уæлæ скæны сæрмагонд бонты, æнæмæнг та  9 майы. Уый йын у нацистон знаджы ныхмæ цы  æмбæлттимæ хæцыд, уыдоны  зæрдылдарыны нысаниуæг. Кæстæр фæлтæрæн та сæрæй ныллæг ракувын ветеранæн, «Бузныг» сын зæгъын, уыцы уæззау рæстæгæн фæразон кæй разындысты, уый тыххæй.

Абоны онг Дур –Дуры цæрджытæ сæрыстыр сты сæ кадджын хистæры иузæрдиондзинады фæрцы сæ хъæуы кæй ис райдзаст æмæ аив зæрдылдарæн бынæттæ. Канд Уæлахизы парк нæ, фæлæ ма бирæ азты фæкуыста Дур –Дуры бацæуæны фыдыбæстæ знагæй хъахъхъæнджытæн цы цыртдзæвæн ис, уый сцалцæг кæныныл. Ныр йæ уавæр цæхгæр аивта.

Сафарби йæ азты цыдмæ кæсы философон хуызы. Куыд зæгъы, афтæмæй сæйрагдæр у сæрибар цард, кæцыйы нæй бынат, гадзрахатдзинадæн,  æнæуынондзинадæн æмæ фыдракæндæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania