филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
24 марта 2022, 14:14
Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарбийыл сæххæст 99 азы

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Дыгуры районы кадджын хистæр, Дур-Дуры хъæуы рухс фидæнмæ тырнæг. Цалиты Сафарбийыл сæххæст 99 азы. Ахæм бон нæй æмæ Цалиты Сафарби йæ машинæйыл ма бацæуа Дур-Дуры астæумæ, æмæ ма æрзила хъæуы номарæн бынатыл. Сафарби 30 азæй фылдæр архайы Уæлахизы парк аразыныл. Йæ абоны фæндты кой ракодта не сфæлдыстадон къордæн. Бакæсæм Сосранты Жаннæйы сюжетмæ.

Артиллерист Цалиты Сафарбийæн ацы сармадзан хуымæтæг экспонат нæу. Ахæмимæ фæцыд хæстæн йæ райдайæнæй кæронмæ. Сырх æфсадмæ йæм фæдзырдтой 42-æм азы. Архайгæ йын рауад Сталинграды хæстыты. Уæд фервæзт æнæнхъæлæджы, уый фæстæ знагæй уæгъд кодтой Украинæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын хæсты рæстæг йæ цард сармадзан иу æмæ дыууæ хатты нæ фервæзын кодта.

Дур-Дуры Уæлахизы парчы артиллерийы хæцæнгарз сæвæрыныл хæствæллад хистæр бирæ азты фæкуыста. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ бæллиц сæххæст Уæрæсейы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Цæлыккаты Русланы фарсхæцты фæрцы. Уæвгæ Сафарби, йæ дзæбæх æмхъæуккæгтимæ 30 азмæ хæстæг кусы ацы бынаты фæлгонцыл. У кæстæртæм, фидæны фæлтæртæм Фыдыбæстæйы хæсты истори хæссæг. Йæ стендтæ дзурæг сты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты хъысмæтыл. Cе хсæн зынгонд æфсæддон разамонджытæ. Йæ уыцы сарæзт хъуыддæгтæ йын йæ 99 азмæ йæ зæрдæ рухс кæнынц, дыттынц ын хъару. 9-æм маймæ та Цалиты Сафарбийы хъæппæрисæй Аллейæйы хъуамæ фæзына ног экспозици. Йæ саразынæн фæрæзтæ радих кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло.

Дур-Дуры цæрджытæн ацы зæрдылдарæн бынат сси уарзон. Ам арæзт æрцæуы алыхуызы мадзæлттæ. Изæрыгон та дзы фæтезгъо кæнынц алы кары адæм. Хъæбатырты портретты астæу æнæдзургæйæ абадын уарзы ветеран йæхæдæг дæр. Цалиты Сафарбийы номæн Дур-Дуры ис сæрмагонд бынат. Уый канд хъæуы кадджын цæрæг нæу, фæлæ Дур-Дуры раздæры сæргълæууæг, хъæуы райрæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста, ахæм адæймаг.

Дур-Дурыл йæхи хæдтулгæйыл æрзилын та Сафарбийæн у традицийы хуызы. Уыимæ æрвылхатт дæр бацæуы Уæлахизы Аллейæмæ. Тугуарын хæсты кæроныл Цалийы фырт сæмбæлд Австрийы. Уæд майы 45-æм азы Германийы капитуляци сси æфсæддон зындзинæдтæн фæразон чи разынд, уыдоны лæвар.

Абон ветеранæн уæлдай зындæр у нацизм ногæй царды йæхицæн бынат кæй ары, уый. Азты размæ дзы цы Украинæ суæгъд кодтой, уым.

Йæ хæрзиуджытимæ уæлæдарæс Цалиты Сафарби йæ уæлæ скæны сæрмагонд бонты, æнæмæнг та 9 майы . Уый йын у нацистон занаджы ныхмæ цы æмбæлттимæ хæцыд, уыдоны зæрдылдарыны нысаниуæг. Кæстæр фæлтæрæн та сæрæй ныллæг ракувын ветеранæн, «Бузныг» сын зæгъын , уыцы уæззау рæстæгæн фæразон кæй разындысты, уый тыххæй.

Сафарби йæ азты цыдмæ кæсы философон хуызы. Куыд зæгъы, афтæмæй сæрагдæр у сæрибар цард, кæцыйы нæй бынат, гадзрахатдзинадæн, æнæуынондзинадæн æмæ нацизмæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania