Арæзт æрцыд Хæзныдоны
Рæстæг цæуы, фæлæ 1941-æм азы Фыдыбæстæйы Стыр хæст адæмы цард, сæ зондахаст куыд цæхгæр аивта, уый бæрæг дары ныр дæр. Уæд хистæрæй-кæстæрæй, Ирыстоны дзыллæтæ сыстадысты райгуырæн бæстæ фæшисттæй бахъахъхъæнынмæ. Уыцы уæззау азтæ æнæ хъæбултæ, æнæ фыдæлтæ фæкодта бирæ мадæлты æмæ сывæллæтты. Цæргæбонты сæ хæстонтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ чи баззад, уыцы ныййарджыты номыл мадзал та радон хатт арæзт æрцыд Æрæфы районы Хæзныдоны. Бæстондæр нын йæ кой ракæндзæн Сосранты Жаннæ.
Куыд алы аз, афтæ та ныр дæр Æрæфы районмæ Хæзныдоны хъæумæ æрбамбырд сты дзыллæттæ. Кад скодтой, цæргæбонты сæ хъæбултæм æнхъæлмæ кæсгæ чи баззад, уыцы мадæлтæн. Ам сæ номыл цыртдзæвæн æвæрд æрцыд 2017 азы Хæзныдоны, Ирыстоны фæрнджын хъæбул Хъамболты Аркадийы фырт Мараты хъæппæрисæй. Уый йæхи фæрæзтæй, цардмæ рахаста йæ диссаджы хъуыды. Бæрæггонд куыд у, афтæмæй ацы цыртдзæвæнæн Бæстæйы æмбал нæй.
Ацы мадзалы ис сæрмагонд традици – æнусон цырагъ ссудзын нæ кадджын хъæбатырты кадæн. Уыцы хæс феххæст кæны мадзалы кадджын уазæг. Ацы хатт уыцы бар лæвæрд æрцыд Уæрæсейы ахуырад æмæ наукæйы раздæры министр, Уæрæсейы раззагдæр ахуыргæнæндон Физикон –техникон институты ректор Дмитрий Ливановæн.
Фæбæрæг кæнын хъæуы уый дæр, æмæ азæй – азмæ ацы мадзалы архайджыты нымæц кæй рæзы. Йæ фæлгæты расидынц сфæлдыстадон конкурс «Поклонимся Матери солдата..». Уырдæм интернеты уылты æрвыст æрцæуынц хи фыст æмдзæвгæтæ, кæнæ аив бакæсынæй роликтæ. Жюрийы уæнгтæ равзырынц хуыздæрты æмæ сæ æрбахонынц Хæзныдонмæ , цæмæй сын кадджын уавæры радтой сæ хæрзиуджытæ, уый тыххæй. Ацы хатт ерысы бацархайдта 150 адæймаджы. Æхсызгон у, фæсивæды кæй фæнды ацы мадзалы сæхи равдисын. Раздæры азы уæлахиздзауæн та лæвæрд вæййы бар, уæлахиздзауæн раарфæ кæнын æмæ йыл йæ лæвар сæмбæлын кæнын.
Алы аз дæр адæмы цурмæ хаст æрцæуы Хæзныдоны хæствæллад хистæртæй искæйы хæстон фæндæгты мысинæгтæ. Ацы хатт, йæ фыд Хъулцыты Агуыбейы кой ракодта йæ фырт, зындгонд дохтыр Хъуылцыты Æхсарбег.
Уазджыты хсæн уыдысты Ирыстоны хицауады, ахуыргæнæндæты, æхсæнадон организациты, ветеранты советы, æфсæдтон комиссарады минæвæрттæ. Алчи дæр сæ стыр аргъ скодта мадзалы мидисæн.
Ахурад æмæ наукæйы министрад бацæттæ кодта, æмдзæвгæтæ цы скъоладзаутæ æрбарвыста, уыдоны ахуыргæнджытæн арфæйы гæххæттытæ, ахуыргæнджыты профцæдицы номæй та сын лæвæрд æрцыд æхцайы премитæ.
Мадзалы иу хатт чи бацархайы,уыдон иннæ аз дæр сæхи æнæ бафæлваргæ нæ фæвæййынц. Афтæ Дзæуджыхъæуы 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Æртæ азы дæргъы цымыдиссаг программæимæ æрцæуынц Хæзныдонмæ. Ацы хатт ракодтой Гасанты Ханафи æмæ Омарбийы хъæбатырдзинады хабæрттæ.
Фæсивæдæн, стæй æппæт æрбацæуджытæн дæр сæ бон уыд сæхи бафæлварын хæцæнгарз æмбырд кæнынæй. Фенын Æрæфы районы æрмдæсныты куыстытæ. Лескены культурæйы хæдзары хъомылгæнинæгтæ та сæм фæхæццæ кодтой дала фæндыры зæлтæ. Архайдтой ма Ирыстоны зындгонд зæрæггæнджытæ Езеты Игорь, Тауытты Арсен, Туккаты Изаурæ, стæй Цæгат Ирыстоны филормонийы нæлгоймæгты хор.
Футболон фæзы та фембæлдысты Ирыстоны командæтæ. Ацы хатт дзы хуыздæры ном райсыныл ерыс кодтой Æвзонгдзинад, Динамо, Алайнаг гимназы командæ, стæй Æрæфы районы иугонд командæ. Кæд æртæ уæлахиздзаумæ æнхъæлмæ кастысты аив кубоктæ, уæддæр, æппæт футболисттæ дæр хорзæхджынгонд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй æмæ кады гæххæттытæй. Уыимæ, хузыдæр размæбырсæг, æрдæхъахъæнæг, хъахъхъæнæг, дуæргæс, тренер, тæрхонгæнæгæн Физкультурон –спортивон иугонд «Уæрæсейы æвзонгдзинад» бацæттæ кодта сæрмагонд лæвæрттæ. Йæ сæргълæууæг Абайты Алан сæ сæмбæлын кодта футболисттыл
Мадзал саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ацы аз сæ фылдæр фæндыд сывæллæттæ æрæмбырд кæнын, саразын сын бæркадджын фынгтæ, стæй мидисджын, зæрдыларæн бæрæгбон. Сывæллæтты уыцы хорздзинæдтæй фæхайджын кæнынмæ ма ацы аз Хъамболты Маратæй уæлдай, се вæрæн бахастой Дамбегты Римæ æмæ Хидирты Валик.




