27 апреля 2018, 12:20
Фыййагдоны сарæзтой зиу
Поселок бафснайынмæ йæ цæрджытæ сæхи цæттæ кодтой рагагъоммæ.
Фыййагдоны сарæзтой зиу. Поселок бафснайынмæ йæ цæрджытæ сæхи цæттæ кодтой рагагъоммæ.
Администрацийы æппæт æрбацæуджытæн дæр радтой кусæнгæрзтæ. Бархионтæ зæрдиагæй ахуырстой цæджындзтæ, æмбырд кодтой бырæттæ, сыгъдæг кодтой æхсæнадон бынæттæ. Уыцы бон куыст æрцыд Фыййагдоны алы кæрты аивдзинадыл дæр. Алчидæр сæ йе вæрæн бахаста Ирыстоны рæсугъддæр бынаттæй иуы сыгъдæгдзинадмæ. Æмбарынц æй, ардæм цы туристтæ цæуы, уыдон сæхи æмбæлгæ уагыл кæй дардзысты, æмбæлгæ уагыл æфснæйд бынаты. Рагон æмбисонд куыд зæгъы, афтæмæй – Сыгъдæг ран адæймаджы чъизи кæнын нæ фæнды!
темæмæ гæсгæ




