филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:46 вторник, 16 декабря 2025
10 декабря 2012, 09:25
Фыййагдоны згъæрыссæн фабрикæмæ йæ цæст дары Цæгат Кавказы Федералон зылды иудадзыгон минæварад

Фыййагдоны згъæрыссæн фабрикæйы уавæрмæ йæ цæст дары Цæгат Кавказы Федералон зылды иудадзыгон минæварад. Росприроднадзоры департаменты хицау Николай Севостьяновы разамындæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æмбырд.

Фыййагдоны згъæрыссæн фабрикæйы уавæрмæ
йæ цæст дары Цæгат Кавказы Федералон зылды иудадзыгон

минæварад. Росприроднадзоры департаменты хицау Николай Севостьяновы
разамындæй Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд æмбырд. Мæй дыууæ хатты экологтæ
цæугæдæттæй сисынц бæрæггæнæнтæ. Æрдз хъахъхъæныны оргæнты специалистты
ныхæстæм гæсгæ уавæр у тæссаг, æмæ йыл бакусын хъæуы, цалынмæ
донивылдтытæ нæ райдыдтой, уæдмæ.

Уæллаг Фиагдоны згъæрыссæн фабрикæйы
хауæдздзæгтæ кæм ныгæд сты, уым фарон зæхх ныттыдта. Чысыл цæугæдон
Хæныкомдон кæуылты цыд, уыцы чысыл тъунел дæр базæронд æмæ ныккалд. Дон
бахæццæ уæззау згъæрты хауæдздзæгтæм. Республикæйы æрдз хъахъхъæныны
службæтæ хъус дарынц уавæрмæ. Фæлæ цæмæй ахæм фыдбылызы фæстиуджытæ
иуварсгонд æрцæуой, уый тыххæй хъæуынц стыр æхцайы фæрæзтæ. Æмæ ууыл
бæстон ныхас уыд, «Росприроднадзор»-ы Цæгат-Кавказы Федералон зылды
департаменты разамонæг Николай Севостьянов цы æмбырд сарæзта, уым.
Æрдзырдтой хъæппæрисыл, цæмæй ацы объект хаст æрцæуа сæрмагонд федералон
программæмæ.

Базраты Валентин, РЦИ-Аланийы Хицауады
сæрдары хæдивæг: «Республикæ йæхимæ исы – бамбырд кæнын, æвзæр
хауæдздзæгтимæ нæм цы объекттæ ис, уыдон, цæмæй хаст æрцæуой федералон
программæмæ. Абон бауынаффæ кодтам: Дзуарыхъæуы цы хауæдздзæгтæ ис, æмæ
сæ дон Фиагдонмæ кæМ ласы, уым тъунел хъæуы бацалцæг кæнын».

Хохы Дзуарыхъæуы ныртæккæ иудадзыг
цæрынц 15 бинонтæ. Æмæ, æнæмæнгæй, хъуыдыйаг у сæ уавæр. Хъæумæ фæндаг
фехæлд. Цалынмæ объектыл бындурон куыстытæ нæ райдайой, уæдмæ конд
цæуынц мадзæлттæ рæстæгмæ æндæр фæндаг саразынæн, цæмæй машинæтæ
хауæдздзæгты сæрты ма цæуой.

Æлборты Иван, РЦИ-Аланийы Æхсæнадон
палатæйы уæнг, Хæххон-металлургон институты экологийы кафедрæйы
сæргълæууæг: «Хорз æмæ федералон хицауад йæ хъус æрдардта ацы фарстамæ.
Рæсугъд хъуыдытæ рахастам. Хохы Дзуарыхъæуы цы фæндаг цæуы, уый хъуамæ,
домæнтæм гæсгæ, ахæм буаргъæдты сæрты ма цæуа. Хъæуы дзы æндæр фæндаг.
Адæмæн æххуыс кæнын хъæуы, цæмæй сæ зæрдæ ма ‘хсайа».

Специалисттæ куыд нымайынц, афтæмæй
объекты нырма тæссаг уавæр нæй, фæлæ бæрнон службæтæ архайынц æрдзон
фыдбылыз ма ‘руадзыныл. Уæззау згъæрты хауæдздзæгтæ бакусыны фарста канд
Уæллаг Фиагдоны объектмæ нæ хауы. Республикæйы ма ахæмтæ цалдæр ис, æмæ
Хицауад архайы, цæмæй æппæт дæр хаст æрцæуой, раздæр азты экологийæн цы
зиантæ хаст æрцыдысты, уыдоны фæстиуджытæ аиуварс кæнынмæ арæзт
федералон программæмæ.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania