филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:14 четверг, 18 апреля 2024
19 мая 2022, 11:24
Фыссæг æмæ журналист Цомартаты Изæтбег фембæлд кæстæр фæлтæримæ фæсивæдон библиотекæйы

Гæздæнты Гайтойы номыл библиотекæйы сарæзтой мадзал Цомартаты Изæтбеджы 80 азы юбилейы кадæн

Ирон фыссæг æцæг патриот куы нæ уа, уæд национ литературæйы автор никуы суыдзæн. Ахæм хъуыдыйыл хæст у фыссæг æмæ журналист Цомартаты Изæтбег. Ныртæккæ у Цæгат Ирыстоны фысджыты Цæдисы сæрдары хæдивæг. Æрæджы сбæрæг кодта йе 80 азы юбилей. Æмæ уый фæдыл хуынд æрцыд фæсивæдон библиотекæмæ кæстæр фæлтæримæ фембæлдмæ. Уазджыты хсæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

Фæндырдзагъд, кафт æмæ поэты радзырдтæй скъуыддзæгтæ. Гæздæнты Гайтойы номыл библиотекæйы сарæзтой мадзал Цомартаты Изæтбеджы 80 азы юбилейы кадæн. Изæтбег у ирон æвзаджы дæсны. Йе сфæлдыстад æнцон æмбарæн у хуымæтæг кæсджытæн.

Цомартаты Изæтбег, Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг: «Адæймаджы зæрдæйы фыссыны бæллиц кæд фæзыны, уый зын раиртасæн у. Æз 7 къласы куы ахуыр кодтон, уæд мæм фæзынд уыцы бæллиц æмæ æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон.  Иуцасдæр куы афыстон, уæд мæ цард аппæрста Уæрæсемæ. Мæскуыйы куыстон зæххы бын, зæхх къахтон. Цагъайраджы куыстæй мæ литературæмæ дæр нал æвдæлыдис, фæлæ уæддæр зæрдæйы исты куы уа æмæ æддæмæ куы бырса, уæд хи зын бауромæн у. Уыцы рæстæг æмдзæвгæтæ нал фысон æмæ рахызттæн прозæмæ. Никæйы дæлдæр кæнын, поэзи фыссынмæ стыр курдиат хъæуы, фæлæ мæм афтæ кæсы, цыма прозæйы фæрцы цард бирæвæрсыгдæрæй, ирддæрæй равдисæн ис».

Сфæлдыстадон куыст кæнын райдыдта скъоладзауæй. Фыста адæмы цардыл. Изæтбегæн сæйрагдæр уыд рæстдзинадыл дзурын. Йæ чиныджы сæйраг хъайтары уылты равдыста йæ сабидуг.  Хъæуккаг лæппуйы хъысмæт бахъардта адæмы зæрдæтæм.

Цомартаты Изæтбег, Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг: «Аивадон литературæйы архайын райдыдтон, цæмæй адæмæн зæгъон, мах куыд цæрæм, афтæ цæрæн нæй. Уый цагъаæраджы миддуне у æмæ уыцы миддунейæ фервæзын хъæуы. Кæннод байсæфдзыстæм. Не взаг дæр æмæ кæрæдзи дæр нал уарзæм æмæ уыцы ахсджиаг фарстатæ истон, цæмæй кæрæдзимæ гыццыл фæхæстæгдæр уæм. Иумæйаг ныхасæй нæ хъары адæймагмæ, фæлæ аивадон хуызы йæ куы зæгъай, уæд тынгдæр бахъардзæн. Мæ зæрдæ дарын, чи зоны, цы уацмыстæ ныффыстон, уыдон, кæд цалдæр адæймагыл, уæддæр сахаддзысты».

Цомартаты Изæтбег йæ радзырдты кæд хистæр кары адæммæ сиды, уæддæр цымыдисаг сты рæзгæ фæлтæрæн дæр. Дæсны фыссæджы фенынмæ æмæ йын фарстатæ раттынмæ æрбацыдысты скъоладзаутæ æмæ студенттæ.

Цæголты Дзерассæ, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзау: « Абон фембæлыдыстæм Цомартаты Изæтбегимæ. Уыд цымыдиссаг фембæлд. Хъыгагæн, мах йæ поэзийымæ зонгæ нæма стæм, уымæн æмæ 8 къласы ахуыр кæнæм, фæлæ йын абон йæ биографи базыдтам. Мæнмæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ хъуамæ арæхдæр аразой, цæмæй рæзгæ фæлтæр поэзимæ хæстæгдæр уа».

Цомартаты Изæтбег у дæсны фыссæг. Йæ радзырдтæ мыхуыры цыдысты газет «Рæстдзинад» æмæ журнал «Мах Дуджы». Йе сфæлдыстад  æрыгон фысджытæн у дæнцæгæн хæссинаг, хуымæтæг кæсæг та йæ радзырдты руаджы ног цæстæй акæсы цардмæ. Æмæ уый алы сфæлдыстадон адæймаг дæр нымайы стыр æнтыстдзинадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania