филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 28 сентября 2024
26 мая 2020, 16:58
Фысымуат «Дзæуджыхъæу»-ы æддаг бакаст саив кодтой рухсытæ

Куыддæр æрталынг ис, афтæ рудзгуытыл фæзынди фыст «БУЗНЫГ»

Нæ программæйы кæрон та ма уын равдисдзыстæм ахæм цымыдисаг æрмæг. Знон изæрæй фысымуат «Дзæуджыхъæу»-ы æддаг бакаст саив кодтой рухсытæ. Фæлæ хуымæтæг рухыстæ нæ уыдысты. Куыддæр æрталынг ис, афтæ рудзгуытыл фæзынди фыст «БУЗНЫГ». Балæвар æй кодтой республикæйы æппæт дохтыртæн. Акци саразыныл бакуыста хæрзаудæн фонд «Ирыстон». Бузныг зæгъынц медицинон кусджытæн, алы бон пандемияйы ныхмæ чи тох кæны, уыдонæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania