30 апреля 2014, 11:33
Фыццæгæм майы бæрæгбоны агъоммæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хæрзаудæн акци
«Хæссæм хæлардзинад». Фыццæгæм майы бæрæгбоны агъоммæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хæрзаудæн акци. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Паддзахадон медицинон Академийы студенттæ.
«Хæссæм хæлардзинад». Фыццæгæм майы бæрæгбоны агъоммæ Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд хæрзаудæн акци. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны Паддзахадон медицинон Академийы студенттæ. Акцийы сæйраг нысан у рынчын сывæллæттæм фылдæр æргом раздахын. Фидæны дохтыртæ уал бабæрæг кодтой æртæаздзыд Тамара Кароглановайы. Гыццыл чызг рынчын у церебралон параличæй. Студенттæ йын æрбаластой дыргътæ, адджинæгтæ æмæ зондахаст хъæздыгдæргæнæн хъæзтытæ. Ахæм куыст кодтой раздæр дæр, цыдысты сидзæр сывæллæтты хæдзæрттæм, фæлæ ныр цæуын райдыдтой бæлвырд адристæм гæсгæ. Фидæны дохтыртæ фæнд кæнынц Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеранты бæрæг кæнын дæр.
темæмæ гæсгæ




