31 октября 2013, 17:02
Фыццæгæм ноябры Уæрæсейы бæрæг кæнынц тæрхондоны пъырыстыфы бон
Профессионалон бæрæгбоны агъоммæ федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы кад кодтой хуыздæр кусджытæн.
Фыццæгæм ноябры Уæрæсейы бæрæг кæнынц тæрхондоны пъырыстыфы бон. Профессионалон бæрæгбоны агъоммæ федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы кад кодтой хуыздæр кусджытæн.
Дыгуры æмæ Æрæфы районы хайдæты службæгæнджытæ сæ куысты равдыстой стыр æнтыстдзинæдтæ, æмæ сын радтой кады грамотæтæ. Се хсæн Олег æмæ Ларисæ Тажевтæ. Управленийы разамонæг Гæцойты Светланæ сын Уæрæсейы тæрхондæтты пъырыстыфты Федералон службæйы директор Артур Парфенчиковы номæй радта арфæйы фыстæг, сæ фырт Зауыры хорз кæстæрæй кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй.

темæмæ гæсгæ