07 марта 2023, 11:37
Фыццæгæм апрелы райдайдзæн æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани
Йæ сæйраг нысанты тыххæй радзырдта Сергей Меняйло
Фыццæгæм апрелы райдайдзæн æфсадмæ сидыны уалдзыгон кампани. Йæ сæйраг нысанты тыххæй радзырдта Сергей Меняйло. Цæгат Ирыстоныл æвæрд æппæт хæстæ хъæуы хæрзхъæд сæххæст кæнын, – загъта регионы разамонæг. Уымæй дарддæр æфсадмæ сидыны къамистæн, æмæ муниципалон скондты æфсæддон комиссарадтæн бабар кодта æппæт цæттæгæнæн мадзæлттæм бæрнон цæстæй кæсын. Ныхас ма цыд сиддонты медицинон æркаст саразыныл дæр. Ахуырады министрад æмæ æхсæнадон организацитæ та фæсивæдимæ хъуамæ стыр куыст кæной æфсæддон-патриотон хъомылады фарстатыл.




