филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:03 среда, 03 июля 2024
15 марта 2022, 13:37
Фыццæгæм майы Уæрæсейы ногæй райдайдзæн кусын сывæллæтты фæлладуадзыны кешбэкы программæ

Уый тыххæй фехъусын кодта премьер-министр Михаил Мишустин

Фыццæгæм майы Уæрæсейы ногæй райдайдзæн кусын сывæллæтты фæлладуадзыны кешбэкы программæ. Уый тыххæй фехъусын кодта премьер-министр Михаил Мишустин. Йæ ныхæстæм гæсгæ ивгъуыд аз программæйы фæрцы сæ фæллад суагътой 420 мин сывæллоны. Балцæгтæ уæй кæнын райдайдзысты 31-æм мартъийы.  Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — программæйы уагæвæрдмæ гæсгæ, ныййарджытæ сæ цоты фæлладуадзæн мадзæлттыл цы æхца схардз кæной, уыдонæн сын се рдæг фæстæмæ ратдзысты. Программæйы архайынц куыд паддзахадон, афтæ коммерцион лагертæ дæр. Балцæг æвзаргæйæ фыццаджыдæр базонын хъæуы, лагерь программæмæ хауы æви нæ, уый.  Бафидæн ын ис æрмæстдæр картæ Миры фæрцы. Фондз боны фæстæ картæмæ фæстæмæ  æрбаздæхдзысты, балцæджы аргъы 50%. Фиддоны æппæты фылдæр бæрц уыдзæнис 20 мин сомы.  Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — туристон кешбекы программæ æрхъуыды кодтой Уæрæсейы Президенты хæслæвæрдмæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania