30 декабря 2019, 13:06
Фыццæгæм январæй фæстæмæ йæ тыхы бацæудзæн электрон фæллойадон чингуыты тыххæй закъон
Ныр фæллойадон архайды, куысты стажы, куысты бынæтты, фæллойадон бадзырды æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгты тыххæй информаци алы мæй дæр цæудзæн Уæрæсейы Пенсион фондмæ
Фыццæгæм январæй фæстæмæ йæ тыхы бацæудзæн электрон фæллойадон чингуыты тыххæй закъон. Ныр фæллойадон архайды, куысты стажы, куысты бынæтты, фæллойадон бадзырды æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгты тыххæй информаци алы мæй дæр цæудзæн Уæрæсейы Пенсион фондмæ. 2020-æм азы июны кæронмæ куыстуаты хицау хъуамæ йæ кусджытæн фехъусын кæна, бар сæ кæй ис равзарынæн, ома фæллойадон чингуытæ гæххæттын, кæнæ электрон хуызы равзарынæн. Уыдон та хъуамæ уыцы фарста сбæлвырд кæной 2020-æм азы 31-æм декабры онг. 2021-æм азы чи райдайа кусын, уыдон та уыдзæн æрмæстдæр электрон хуызы фæллойы чингуытæ.
темæмæ гæсгæ




