филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 среда, 17 декабря 2025
02 марта 2018, 18:30
Фыццаг сылгоймаг ирвæзынгæнæг ныр 9 азы кусы республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады

Ахæм дæсныйад æнцон нæу, хъæуы дзы лæгдзинад æмæ тыхджын удыхъæд равдисын.

Фыццаг сылгоймаг ирвæзынгæнæг ныр 9 азы кусы республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады
Фыццаг сылгоймаг ирвæзынгæнæг ныр 9 азы кусы республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады. Ахæм дæсныйад æнцон нæу, хъæуы дзы лæгдзинад æмæ тыхджын удыхъæд равдисын. Уыцы æууæлтæй æххæст у Джызæйлаг Доййаты Аланæ. Йæ иу боны фæткимæ базонгæ не сфæлдыстадон къорд. Моргуаты Ладæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Доййаты Аланæйы хуызæн чызджытæй фæзæгъынц арты цæхæры дæр бацæудзæн, дугъон бæхы дæр бауромдзæн. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнæн къорды у иунæг чызг. Фæлæ уымæй йæ ахадындзинад къаддæр нæу.
Ирвæзынгæнæджы дæсныйад равзæрста, скъоладзау ма куы уыди, уæд. Фæндыд æй пъæлицæйы кусын, фæлæ Беслæны трагедийы фæстиуджытæ фенгæйæ йæ зондахаст цæхгæр аивта. Бафæндыд æй, зын уавæрты бахауæг адæмæн æххуыс кæнын.
Адæмæн æххуыс кæнын у йæ царды нысан. 9 азмæ иу æмæ дыууæ адæймагæн нæ балæггад кодта.
Нæлгоймæгты æмрæнхъ кусын æмæ къулымпы ма руадзын, уый къухы æфты æрмæст, дæсныйад æгæрон уарзтæй чи уарзы, æмæ йæхиуыл чи нæ ауæрды, ахæм адæмы къухы.
Лæгдзинад, тых æмæ фидар удыхъæд. Æнæ ацы æууæлтæй ирвæзынгæнæгæй кусын зын у. Уымæн йæ райсом райдайы спортивон залæй, æмæ дзы арвиты цалдæр сахаты.
Ирвæзынгæнæджы дæсныйадæн нæй боны фæтк. Суткæйы кæцы фæнды рæстæг дæр бахъæудзæн йæ æххуыс æмæ хъуамæ разына цæттæ.
Æппæтæй зынаргъдæр минуттæ, тренировкæты фæстæ хæдзармæ фæндаг.
Цалдæр минуты кæсæны цур, æмæ тыхджын сылгоймаг ирвæзынгæнæг сси хуымæтæг, бахъахъхъæнын кæй фæнды, ахæм æвзонг чызг. Аланæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фыццаджыдæр у сылгоймаг, уый фæстæ та ирвæзынгæнæг. Æмæ куыд алы æрыгон чызг, уарзы хуымæтæг лæврæттæ, уыдон та сты фæлмæн хъазæнтæ æмæ дидинджытæ, сырх уардитæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania