филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:48 суббота, 21 сентября 2024
16 ноября 2012, 13:35
Гæззаты Валерий футболон клуб «Алани»-йы спортсментæн сарæзта тренировкæ

Гæззаты Валерий футболон клуб «Алани»-йы спортсментæн сарæзта тренировкæ. Куыд зонут, афтæмæй нырæй фæстæмæ Гæззаты Валерий уыдзæн командæйы сæйраг тренер, æмæ клубы президент дæр.

Гæззаты Валерий футболон клуб «Алани»-йы
спортсментæн сарæзта тренировкæ. Куыд зонут, афтæмæй нырæй фæстæмæ
Гæззаты Валерий уыдзæн командæйы сæйраг тренер, æмæ клубы

президент дæр. Йæ тренеры куыст æнцон уавæрты нæ райдыдта. Командæ
турнирон таблицæйы ис æппæты фæстаг бынаты. Футболисттæй 4 сты уæззау
цæфтæ. Хæстæгдæр бонты та хъуамæ ахъаза тыхджын ныхмæлæууæг Хъазаны
«Рубин»-имæ.

Знон Гæззаты Валерий сарæзта
пресс-конференци. Куыд бафиппайдта, афтæмæй æппæты сæйрагдæр у –
футболистты зæрдæты ныфс бауадзын. «Алани» ахæм уавæры цамæн ис, уымæн,
ног тренеры ныхæстæм гæсгæ, ис цалдæр аххосаджы. Фæлæ дзы раздæры
тренеры аххос нæй. Ныртæккæ Гæззаты Владимиры хæс уыдзæн æрыгон
футболисттæ агурын æмæ семæ кусын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania