филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:13 понедельник, 13 мая 2024
11 марта 2013, 11:24
Габысаты Константин фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Нæ республикæйы Хицауады минæвæрттæ иудадзыгдæр æмбæлынц адæмимæ, цæмæй хуыздæр зоной, тынгдæр сæ чи тыхсын кæны, æмæ фыццаджыдæр кæуыл бакусын хъæуы, уыцы фарстатæ.

Нæ республикæйы Хицауады минæвæрттæ иудадзыгдæр æмбæлынц адæмимæ, цæмæй хуыздæр зоной, тынгдæр сæ чи тыхсын кæны, æмæ фыццаджыдæр кæуыл бакусын хъæуы, уыцы фарстатæ.

Алы мæйы дæр ахæм фембæлдытæ вæййы Хицауады сæрдары хæдивæг Габысаты Константинæн. Йæ бæрны сты экономикæ, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад æмæ энергетикæйы къабæзтæ. Ацы хатт æм æрбацыдысты 15 фарстаимæ. Тыхсын сæ кæны, куыст кæй нæ арынц, афоныл мызд кæй нæ исынц, сæ бон коммуналон фиддонтæ бафидын кæй нæу, уыдон æмæ æндæр зындзинæдтæ. Æппæт фарстатæ нæ алыг кодта, фæлæ сæ бахынцынæн нысангонд æрцыдысты бæлвырд æмгъуыдтæ.

Габысаты Константин, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Республикæйы цæрджытæн мæнмæ сæ фарстатимæ æрбацæуынæн фадат вæййы алы мæйы фыццаг æртыццæджы. Æмæ мæнмæ цы хæстæ хауы, уыдонмæ гæсгæ сын баххуыс кæнын. Адæмы фылдæр тыхсын кæнынц коммуналон фарстатæ. Кæм тарифтæ æгæр бæрзонд сты, кæм та лæггæдтæ, куыд æмбæлы, афтæ не сты. Вæййы ма фарстатæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй. Æмæ махæн закъон куыд амоны, афтæ адæмæн æххуыс кæныныл архайæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæст хъæзтытимæ нæ цæуынц адæм. Цавæрдæр фарстаты уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй дæр бæлвырд хъуыдытимæ æрбацæуынц, цымыдисаг æмæ ахсджиаг чи вæййы, уыдонмæ æркæсæм. Адæмимæ кусын у махæн нæ хæс æмæ йыл архайдзыстæм.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania