филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:00 среда, 26 июня 2024
25 января 2022, 12:59
Гæбæраты бинонтын хъæуы нæ иумæйаг æххуыс

Хъомыл кæнынц дыууæ фаззон лæппуйы, фæлæ сæ иу Сослан у уæззау рынчын

Радон хатт та хъæуы нæ иумæйаг æххуыс. Ацы хатт Гæбæраты бинонтæн. Хъомыл кæнынц дыууæ фаззон лæппуйы, фæлæ сæ иу Сослан у уæззау рынчын. Хъыгдард у йæ зæрдæ. Хæрзаудæн фонд  «Быть добру»  къуыримæ æрæмбырд кодта 500 мин сомы, фæлæ хъыгагæн уыдон фаг не сты. Немыцаг кардиологон центр агуры 83 мин евройы. Уыйбæрц æхца та бинонтæм нæй. Гæбæратæн баххуыс кæнын у не ппæты бон дæр. Æхца арвитæн ис сæрмагонд хыгъдмæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Гæбæраты бинонтыл стыр циндзинад æрцыд. Хуыцау сын дыууæ фаззон лæппуйы балæвар кодта. Фæлæ къуырийы фæстæ сæ цин мастмæ расайдта – лæппутæй иуы – Сосланы, раивтой патологийы хайадмæ. Уым æм рабæрæг кодтой зæрдæйы низ. Дарддæр иу мæй фесты Бакулевы центры, уый фæстæ та ацыдысты Берлины клиникæтæй иумæ. Уым саби фынддæс сахаты арвыста хирургы стъолыл.  Уыцы рæстæгмæ немыцаг дохтыртæ аиуварс кодтой зæрдæйы фондз хъыгдард бынаты. Иннæ операци та хъуамæ уыдаид авд азы фæстæ. Уыцы рæстæг æхсæз мæйæ æхсæз мæймæ бинонтæ реабилитацимæ цыдысты Германимæ. Фæлæ сын коронавирусы пандемия сæ размæ æрæвæрдта цæлхдуртæ.

Немыцаг специалисттæ куыд зæгъынц афтæмæй операци хъæуы скæнын æвæстиатæй. А дыууæ боны лæппуйæн сæвæрдзысты аппарат. Йæ фæрцы сбæрæг кæндзысты, сывæллоны зæрдæ куыд кусы, уый æмæ рахæсдзысты хатдзæг, операци куыд æвæстиатæй скæнын хъæуы, уый тыххæй.

Хаттæн цард аргъауы хуызæн вæййы.  Уый тыххæй дзы диссæгтæн æнæуæвгæ нæй. Хæрзаудæн фонд «Быть добру» -йы разамонæг Хъуысаты Амырхан куыд зæгъы, афтæмæй Гæбæраты аргъауæн амондджын кæрон ис.

Хæрзаудæн фонд  «Быть добру»  къуыримæ æрæмбырд кодта 500 мин сомы, фæлæ хъыгагæн уыдон фаг не сты. Немыцаг кардиологон центр агуры 83 мин евройы. Уыйбæрц æхца Гæбæратæм нæй.

Цалынмæ Сослан хъуыды кæны, уæдмæ йæ мадæн дзуапп цæттæ у.

Гæбæратæн баххуыс кæнын у мах бон дæр. Æхца арвитæн ис, уæ экрантыл цы реквизиттæ уынут, уыдонмæ гæсгæ.

Уды фидардзинад æмæ ныфс, зæрдæйы низыл кæй фæуæлахиз уыдзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania