Уыцы фарстайы фæдыл цалдæр хатты курдиат балæвæрдтой горæты администрацимæ. Фæлæ абоны онг уавæр нæ аивта.
Цалцæггæнæн куыстытæн цы хуыр æрцæттæ кодтой, уым сывæллæттæ сæхицæн скодтой хъазæн фæз. Гагкайы фырты уынджы 9-æм хæдзары сабитæн кæрты уый у иунæг ирхæфсæн бынат. Афтæмæй та ам цæры 100 сывæллоны бæрц. Се `ппæт цæрджыты дæр фæнды, цæмæй сын сæвæрой сæрмагонд хъазæн фæз.
Гулаты Ирлан: «Мах фæнды, цæмæй нæ кæрты уа качелитæ, къуыбыртæ æмæ турниктæ».
Ахæм фæзæн кæрты бынат дæр ис. Цалдæр азы размæ дзы уыд турниктæ æмæ качелитæ. Фæлæ сывæллæттæн æгæр дынджыр уыдысты, сæхи-иу дзы ныццавтой. Уымæ гæсгæ сæ айсын кодтой. Ног хъазæн фæз самал кæныны курдиат цæрджытæ цалдæр хатты балæвæрдтой Дзæуджыхъæуы администрацимæ, фæлæ абоны онг фарста лыггонд не `рцыд.
Хъуппеты Еленæ: «Алы ранмæ дæр цыдтæн, депутаттæм дæр, фыстæджытæ дæр фыстон, фæлæ ницы самал кодтой. Бавæрдтой нын фарон зæрдæ, 2014 азы кæй уыдзæн хъазæн фæз. Уый фæстæ никуыуал уыдыстæм. Хыгъдты уыдыстæм, фæлæ нæ ахахх кодтой».
Гагкайы фырты уынджы 9-æм хæдзары кæрты ахæм ирхæфсæн фæз кæд фæзындзæн, уый базонын не сфæлдыстадон къорд бафæлвæрдта горæты администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты. Уым официалон дзуапп нæ радтой, фæлæ уæддæр уавæр бамбарын кодтой.
Газет «Дзæуджыхъæуы» мыхуыргонд æрцыд, «Универсалон спортивон æмæ хъазæн фæзты арæзтады» муниципалон программæ царды куыд уаддзысты, уый фæтк. Æххæстгонд цæудзæн 3 азы. Уыцы рæстæгмæ горæты фæзындзæн 30 ног хъазæн зонæйæ фылдæр. 2015-æм азы куысты пъланы ис Гагкайы фырты уынджы 9-æм хæдзар дæр.
Ахæм ныхæстыл цæрджытæ нал æууæндынц, фæлæ уæддæр сæ зæрдæ дарынц, фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, ууыл. Ныр та уал сывæллæттæ, фидæны ирхæфсæн фæзы бынаты хъазынц шахмæттæй.
Хъайтмазты Дзерассæ




