филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:10 среда, 15 мая 2024
28 июля 2022, 11:17
Галковскийы уынджы 237-æм хæдзары уавæр йæ цæрджыты рагæй тыхсын кæны

Бæстыхайы сæрæй фатертæм дон хъары, электрон тыхы телтæ сты заууат, нæй дзы хъарм дон

Галковскийы уынджы 237-æм хæдзары уавæр йæ цæрджыты рагæй тыхсын кæны. Бæстыхайы сæрæй фатертæм дон хъары, электрон тыхы телтæ сты заууат, нæй дзы хъарм дон. Чи у аххосджын æмæ уавæр куыд сраст кæнæн ис, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Галковскийы уынджы 237-æм хæдзары 5-æм уæладзыджы фатер ныр цалдæр азы у афтид. Кæддæр дзы цард Байсогъуырты Эдуарды чызг. Фæлæ радон къæвдайы æмæ йæ фæстиуджытæ иуварс кæныны фæстæ сфæнд кодта æххуырст фатермæ раивын. Ныртæккæ хæдзар æмбæрзт у рубероидæй, уымæ гæсгæ æппæт къæвдатæ фæзынынц агъуыстыты уавæрыл.

Хæдзары сæр бирæ лыггæнинаг фарстатæй æрмæст иу у. Æдзух къуылымпы кæны доны æмæ канализацийы куыст. Æппæт коммуникацитæ цæуынц фыццаг уæладзыджы пъолы бын. Фæхъæуы фæйнæджытæ сисын æмæ хæтæлтæм афтæмæй зилын.

Цæрджытæ архайынц фарстатæ хи тыхтæй алыг кæныныл. Алчидæр райста йæхимæ бæлвырд хæстæ. Зæгъæм, Хъодзаты Валерий æрвылбон йæ цæст дары пъадвалы хæтæлты уавæрмæ.

Хъодзаты Валерий, Галковскийы уынджы 237-æм хæдзары цæрæг: «Алы райсом дæр æмæ алы изæр дæр мæнæ ацы дон акалын, æмæ та фæстæмæ байдзаг вæййы. Хатгай афтæ цыхцырæгау æркæлы. Нæ бон æй базонын нæу, кæцæй кæлы. Куы нæ йæ акалон, уæд ам къогъойæ байдзаг уыдзæн. Фæллайын дæр райдыдтон. Тыхсæм. Нæ бон нал у».

Инженерон коммуникацитæ – хицæн хабар. Хæдзары ис æрмæст уазал дон. Схъарм кæнын æй ис электрон пецыл. Фæлæ ацы хъуыддаджы дæр ис къуылымпытæ. Электрон тыхы уавæр дæр хорз нæу. Телтæ ивтой цалдæр хатты. Куыд æмæ кæдæм цæуынц, уый фенæн ис къæридоры.

Галковскийы уынджы 237-æм хæдзар у раздæры æмдзæрæн. 20 азы размæ фатертæ приватизацигонд æрцыдысты. Уæдæй фæстæмæ уавæр фыддæр кæны. Бæстыхай бындуронæй сцалцæг кæныны гæнæн нæй. Цæрджытæ разы не сты цæрæнуæтты хицæутты æмбалад саразынимæ, разамынддæттæг компанитæ та ахæм хæдзар сæхимæ нæ исынц. Рæстæгмæ йын лæггад кодтой 2 организацийы, фæлæ йæм æдзух цæст дарыныл не сразы сты.

Адæмы хъуыдымæ гæсгæ хæдзар кæлæддзаг у. 3 мæйы размæ цæрджытæ сидтысты горæты администрацимæ ведомствæты *хсæн къамис саразыны курдиатимæ. Дзуапп ныры онг нæ райстой.

Бигъаты Зельдæ, Галковскийы уынджы 237-æм хæдзары цæрæг: «Уый нæ фæнды, цæмæй чысыл æркæсой нæ хæдзары уавæрмæ, æмæ нын чысыл феххуыс кæной». «Цæмæй нын зæгъой».

Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы комитеты адæмæн уынаффæ кæнынц, сæмбырд кæнын æмбæлгæ гæххæттытæ æмæ уавæр сбæлвырд кæныны тыххæй официалон курдиат бадæттын.

Хæдзар кæлæддзагыл куы банымайой, уæд æй, гæнæн ис, æмæ бахæссой федералон кæнæ регионалон программæтæй иумæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania