филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:53 среда, 17 декабря 2025
23 июля 2021, 14:57
Гасситы Мурат рамбылдта WBA ASIA чемпионы титул уæззау уæзы хæцгæйæ

Мæскуыйаг аренæ «Динамо»-йы техникон нокаутæй фæуæлахиз немыцаг боксер Майкл Валлишыл.

Райдайдзыстæм æхсызгон хъусынгæнинагæй. Гасситы Мурат рамбылдта WBA ASIA чемпионы титул уæззау уæзы хæцгæйæ. Мæскуыйаг аренæ «Динамо»-йы техникон нокаутæй фæуæлахиз немыцаг боксер Майкл Валлишыл. Тæрхонгæнæг тох баурæдта 4-æм раунды. Гасситы Муратæн æдæппæтæй уыди 29 тохы æмæ дзы рамбылдта 28. Уæззау уæзы та йын у дыккаг фембæлд.

Гасситы Мураты фарс хæцыдысты Дзæуджыхъæуы сæдæгай спортуарзджытæ. Доваторы проспекты экраны цур æрæмбырд ис бирæ адæм. Кæд рæстæг æнафон уыдис, уæддæр цалынмæ тох фæцис, уæдмæ ничи ацыди. Мурат куы фæуæлахиз, уæд та фæсивæд цингæнгæйæ машинæтыл ирон тырысаимæ æрзылдысты горæты уынгтыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania