филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 28 сентября 2024
21 мая 2020, 16:13
Гаванæйы сæвæрдтой бюст нæ зындгонд æмзæххон, æфсæддон разамонæг Плиты Иссæйæн

Кадджын мадзал арæзт æрцыд 9-æм майы

Кубæйы сæйраг горæт – Гаванæйы сæвæрдтой бюст нæ зындгонд æмзæххон, æфсæддон разамонæг Плиты Иссæйæн. Кадджын мадзал арæзт æрцыд 9-æм майы. Архайдтой дзы Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Андрей Гуськов, Белоруссийы минæвар Александр Александров, Кубæйы революцион тыхты министры фыццаг хæдивæг АльвАро Лопес Мьера æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Кадджын æмбырды дзырдтой Плиты Иссæйы иттæг бæрзонд профессионалон æмæ адæймаджы миниуджытыл. Куыд загътой, афтæмæй Ирыстоны номдзыд фырт зынгæ æвæрæн бахаста Уæрæсейы æмæ Кубæйы хсæн ахастдзинæдтæ фидар кæнынмæ. Ацы кадртæ нын радтой Республикæ КубæйыУæрæсейы Федерацийы Минæварады уæнгтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania