02 марта 2022, 13:16
Гергиты Валерийы суæгъд кодтой Мюнхены филармонийы оркестры сæйраг дирижеры бынатæй
Ахæм фæндон фехъусын кодта Мюнхены мэр Дитер Райтер
Æппæт дунейы зындгонд уæрæсейаг дирижер Гергиты Валерийы суæгъд кодтой Мюнхены филармонийы оркестры сæйраг дирижеры бынатæй. Ахæм фæндон фехъусын кодта Мюнхены мэр Дитер Райтер. Куыд загъта, уымæ гæсгæ: «Мюнхены нал уыдзæн йæ разамындæй концерттæ». Уый размæ Райтер ракуырдта дирижерæй, цæмæй Уæрæсе æмæ Украинæйы операцийы хъуыддагмæ кæса иу хуызы цæстæнгасæй. Фæлæ йын Гергийы-фырт йæ фæндон нæ сæххæст кодта.