18 июня 2019, 12:10
Германийы уыдысты æппæтадæмон ерыстæ конкурæй
Турниры æвзист майданы хицау сси Тугъанты Владимир.
Германийы уыдысты æппæтадæмон ерыстæ конкурæй. Турниры æвзист майданы хицау сси Тугъанты Владимир. Ирыстойнаг барæг сæрмагонд хæслæвæрдтæ сæххæст кодта æнæ рæдыдтытæй, æмæ финалы равдыста хорз бæрæггæнæн. Æдæппæтæй дзы архайдта 64 бæхылбадæджы. Æппæтадæмон къласы спорты мастер, цæгатирыстойнаг бæхты спортивон скъолайы хъомылгæнинаг Тугъанты Владимир ацы спорты хуызы у зындгонд. Уæрæсейы спортсментæй у иунæг, FEI рейтинджы 100-йы хсæн чи ис, уыдонæй.
темæмæ гæсгæ




