филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:50 воскресенье, 01 февраля 2026
30 августа 2022, 11:22
Гобеты Ибрагимы разамындæй арæзт æрцыд координацион æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд 1-3 сентябры Беслæны номарæн мадзæлттæ саразыныл

Уыдон цæудзысты Беслæны 1-æм скъолайы территорийы стæй мемориалон комплекс «Зæдты горæты»

Республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагимы разамындæй арæзт æрцыд координацион æмбырд, æмæ дзы ныхас цыд 1-3 сентябры Беслæны номарæн мадзæлттæ саразыныл. Уыдон цæудзысты Беслæны 1-æм скъолайы территорийы стæй мемориалон комплекс «Зæдты горæты». 1-æм сентябры 9 сахаты æмæ 15 минутыл скъолайы кæрты азæлдзæн дзæнгæрæг. Уый фæстæ адæм цæудзысты дидинджытимæ. Фæстæдæр та номарæн аргъуыд. 13 сахатыл, традицимæ гæсгæ Беслæны культурæйы Галуаны арæзт æрцæудзæн теракты хъыгдардбаййафджыты пресс-конференци. Сентябры фыццаг æртæ боны скъолайы кæрты суддзысты сойын цырæгътæ. 3-æм сентябры та ногæй уыдзæн дзуæрттимæ цыд фыццæгæм скъолайы кæртæй мемориалон комплекс «Зæдты горæты» онг. Уым мемтрономы зæлтæм бакæсдзысты, теракты чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ. Скъоладзаутæ та арвмæ суаддзысты 334 уæлдæфон шары.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania