филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:56 пятница, 17 мая 2024
16 марта 2020, 12:31
Годжыцаты Исахъы рухс ном æрымысыны тыххæй номарæн равдыст бацæттæ кодтой тетаралон музейы

Номарæн изæрмæ æрбацыдысты, йæ курдиатæн аргъ чи кæны, уыцы адæм.

Ирыстоны зындгонд артист, зарæггæнæг, стыр курдиаты хицау Годжыцаты Исахъы рухс ном æрымысыны тыххæй номарæн равдыст бацæттæ кодтой тетаралон музейы кусджытæ дæр. Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист, нæ республикæйы æмæ Абхазийы адæмон артист сæдæгай сурæттæ сарæзта ирон театры сценæйы, æнæбафæзмынгæ сты йæ кинойы рольтæ дæр. Булæмæргъау хъуыст йæ хъæлæс Советон радиойы уылæнты æмæ абон дæр. Номарæн изæрмæ æрбацыдысты, йæ курдиатæн аргъ чи кæны, уыцы адæм. Театры хистæр æмæ кæстæр фæлтæры минæвæрттæ. Бакастысты алы рæстæджыты ист хуызистытæм. Уыимæ куыд кинойы, афтæ театралон сценæйы. Исахъ йæ царды иу уысым цы къамты ныууагъта, уыдон фенын у алкæйы бон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania