23 сентября 2021, 11:01
Гом дуæртты бон арæзт æрцыд Мæздæджы «Кванториумы»
Сывæллæтты технопарк районы кусы афæдзы онг
Гом дуæртты бон арæзт æрцыд Мæздæджы «Кванториумы». Сывæллæтты технопарк районы кусы афæдзы онг. Æмæ уыцы мгъуыдмæ цæмæй раппæлой, уый сын ис. 700 сывæллоны фæцæуынц квантумтæм. Уым базонгæ вæййынц цардархайды алы къабæзтимæ. Аразынц проекттæ, æмæ семæ фæархайынц алыхуызон регионалон конкурсты. Педагогон коллектив ма уыцы рæстæгмæ сси æмхицдæр, цæры иу бинонты хуызæн. Уыимæ хорз æххуыс кæнынц сæ хъомылгæнинæгтæн сæ хъуыдытæ царды уадзынæн. Ацы хатт кванториум йæ дуæрттæ байгом кодта ног æмбæлттæн сæ районы скъолатæй. Лæппутæн æмæ чызджытæн скодтой экскурси, равдыстой сын музей æмæ сæ фæхуыдтой сфæлдыстадон архайдмæ.
темæмæ гæсгæ




