филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:30 воскресенье, 06 октября 2024
03 сентября 2014, 11:28
Горæтгæрон районы арæзт æрцыд биотермикон дзыхъхъ, ома, фосы мæрдтæ æппарын кæдæм хъæуы, ахæм сæрмагонд бынат

Æдæппæтæй ныридæгæн республикæйы ис 8 ахæм объекты. Фæлæ Октябрыхъæуы кæрон кæй сарæзтой, уый иннæтæй хуыздæрырдæм хицæн кæны – дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн дæр.

74065
Горæтгæрон районы арæзт æрцыд биотермикон дзыхъхъ, ома, фосы мæрдтæ æппарын кæдæм хъæуы, ахæм сæрмагонд бынат. Æдæппæтæй ныридæгæн республикæйы ис 8 ахæм объекты. Фæлæ Октябрыхъæуы кæрон кæй сарæзтой, уый иннæтæй хуыздæрырдæм хицæн кæны – дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн дæр.

Горæтгæрон районы биотермикон дзыхъхъ арæзт æрцыд, цæмæй адæймаг чысыл тыхтæ хардз кæна, афтæ. Раздæр фосы мардмæ æркæсынæн æмæ йæ дзыхъхъмæ ныппарынæн хъуыдис цалдæр адæймаджы æххуыс. Ныр, аразджытæ цы гарзæгтæ самал кодтой, уыдоны фæрцы æппæт процесс дæр у механизацигонд.

Республикæйы ма ис 7 ахæм биотермикон дзыхъхъы. Фæлæ æппæт нырыккон домæнтæн дзуапп дæтты æрмæст ацы объект. Арæзт у утилизацигæнæн дзыхъхъæй – йæ арф 10 метры, йæ къултæ сты фундаментон къæйтæй æвæрд герметикон хуыдтытимæ. Ис дзы фосы мардтæм æркæсынæн сæрмагонд стъол, стæй цы зианхæссæг газтæ сæвзæры, уыдоны эвакуацийæн хæтæл. Æххæстгонд у сæйраг домæн дæр – дзыхъхъ арæзт æрцыд хъæутæй километрæй фылдæр дæрддæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, объекты эксплуатацигæнæн рæстæг у 25 азæй фылдæр. Фæлæ ма дзы гæнæн ис, уый фæстæ дæр пайда кæнын.

Дзанæгаты Мæхæмæт, РЦИ-Аланийы ветеринарийы управленийы сæйраг специалист: «Ис афтæ, æмæ йæ ссыгъдæг кæной, цы дзы сисой, уыдон ам хæстæг баныгæнынц, дзыхъхъ ныхсынц, скæнынц дзы дезинфекци, бацалцæг æй кæнынц, æмæ дзы стæй дыккаг хатт уыдзæн кусын. Æрмæст 5 мæйы куы рацæуа, уæд».

Биотермикон дзыхъхъ саразынæн чысыл фæрæзтæ нæ хъæуы. Горæтгæрон районы разамынд ацы хъуыддагыл схардз кодта милуан æмæ 500 мин сомы бæрц. Æхца радих кодтой муниципалон бюджетæй.

Гæбæраты Георгий, Горæтгæрон районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг: «Уымæн æнæгæнгæ нæ уыд. Уыцы хъуыддаг хибарæй куы ауадзай, уæд низтæй тæссаг у фосæн дæ рæмæ адæмæн. Уый тыххæй æнæ мæнг хъуыдис мæнæ ахæм объект кæнын».

Объектæй пайда кæныны фадат уыдзæн районы хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн, стæй цæрджытæн дæр. Уый тыххæй сæ хъæудзæн ветеринарон службæмæ бацæуын, æмæ сын уым ратдзысты æмбæлгæ амынддзинæдтæ. Цхуырбаты Дусяйы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаг æппæт цæрджытæн ахсджиаг у, уымæн æмæ хъæуты алы хæдзары дæр дарынц фос.

Цхуырбаты Дуся: «Афтæ-иу уыдис, æмæ-иу куы амардис, уæд-иу аппæрстой, кæнæ баныгæдтой искуы».

Ахсджиаг ма уый у, æмæ дзыхъхъæй пайда кæнынæн адæмы æхца фидын нæ хъæуы. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй уый уымæн у, цæмæй адæммæ низджын фос куы уа, уæд уыцы хъуыддаг ма басусæг кæной.

Ацы объект арæзт æрцыд 3 мæймæ. Тагъд рæстæджы дзы райдайдзысты пайда кæнын. Хъæуы ма, ацы бынаты адæмæн уæвын тæссаг кæй у, уый æвдисæг нысантæ сæвæрын.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania