филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:47 воскресенье, 19 мая 2024
22 апреля 2014, 11:14
Горæтгæрон районы хæххон хъæуты хæстæгдæр рæстæг фæзындзæн æрдзон газ

Горæтгæрон районы хæххон хъæуты цæрджытæ бирæ азты тыхсынц æнæ æрдзон газæй. Фæлæ хæстæгдæр рæстæг уавæр аивдзæн. Фарон райдыдта газуадзæн «Хъобан-Дæргъæвс»-ы арæзтад.

Горæтгæрон районы хæххон хъæуты хæстæгдæр рæстæг фæзындзæн æрдзон газ
Горæтгæрон районы хæххон хъæуты цæрджытæ бирæ азты тыхсынц æнæ æрдзон газæй. Фæлæ хæстæгдæр рæстæг уавæр аивдзæн. Фарон райдыдта газуадзæн «Хъобан-Дæргъæвс»-ы арæзтад.

Пец фыццаг хаттæн ссудзын кæнын нæ бантыст. Баллоны газ фæцис. Ахæм уавæрты тыххæй Джелыты Фатимæ рагагъоммæ цалдæр баллоны алхæны. Дæргъæвсы цæрджытæ пайда кæнынц æрласгæ газæй. Машинæ къуырийы иу хатт æрбацæуы хъæумæ. Адæм ахæм уавæрты тынг тыхсынц. Зымæджы пец сугæй фендзарынц, хъæдæрмæг куы нæ вæййы, уæд та электрон хъармгæнæнтæ скусын кæнынц.

Джелыты Фатимæ, Дæргъæвсы цæрæг: «Суг æлхæнæм. Зынаргъ у суг, машинæ нæ вæййы чи дын æй æрбаласа. Тухитæ кæнæм, уазалы фæбадæм. Газ нын ныр кæнынц. Тынг æнхъæлмæ кæсынц адæм, цин кæнынц. Фæрсынц кæрæдзийы: «Цымæ кæд уыдзæнис, кæнынц ма йæ?» Фæлæ та нæ кусджыты куы фенæм, уæд нæ зæрдæ барухс вæййы – уæдæ нын кæд тагъддæр уыцы хорздзинад скæниккой».

Цæрджыты æнхъæлмæ кæсын бирæ нал хъæуы. Ивгъуыд азы кæрон райдыдтой газуадзæн «Хъобан-Дæргъæвс» аразын. Ныридæгæн хæтæлтæ сæвæрдтой 11 километры бæрц.

Æфсæйнаг хæтæлты бæсты кусджытæ æвæрынц полиэтиленæй конд. Сты асламдæр, уыимæ сæ эксплуатацийы рæстæг у фылдæр – 50 азы бæрц. Ахæм технологийæ республикæйы фыццаг хатт спайда кодтой.

Газуадзæны иумæйаг дæргъ уыдзæн 13 километры. Æппæт куыстытæ фæнд кæнынц сæрды райдианмæ фæуын. Хæхты архайын æнцон хъуыддаг нæу, зæгъы ацы хайы мастер Гуырцъыты Эльбрус.

Гуырцъыты Эльбрус, мастер: «Къæдзæхтæ сты, æмæ дзы алы ранмæ дæр нæ бацæудзæн машинæ, трактор, къухæй куыст дзы бирæ ис. Тынг зын куыст у».

Æппæтæй уæззаудæр хай ис Къæхтысæры цур. Ам газы хæтæлтæ цæудзысты къæдзæхыуылты, уымæ гæсгæ сæ хъæуы уæлдæфыл уадзын. Сæ дæргъ уыдзæн 400 метры бæрц.

Газуадзæн «Хъобан-Дæргъæвс» саразынæн федералон æмæ республикон бюджеттæй радих кодтой 110 милуан сомы бæрц.

Брциаты Руслан, РЦИ-Аланийы арæзтады, артаджы æмæ цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты хайады хицау: 9.57-10.11 «Ныртæккæ æппæтæй риссагдæр фарста у Куырттаты комы хъæутæ. Фæнд кæнæм Фыййагдоны æмæ Уыналы газы хæтæлтæ бахæссын Газпромы программæмæ. Уый нæ къухы куы бафта, уæд нæ бон уыдзæн иннæ хъæутæм дæр газ бауадзын».

Ацы хъуыддаг сæххæст кæнын куы бантыса, уæд Алагиры районы хæххон хъæуты газæй сæ бон пайда кæнын уыдзæн 4 мин адæймаджы бæрцæн.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania