филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:09 воскресенье, 19 мая 2024
22 апреля 2014, 11:18
Горæтгæрон районы Хетæгкаты Къостайы номыл агрофирмæ 8 азы архайы хоры æмæ хъæдуры культурæтæ æрзайын кæныныл

Æфæдзы размæ та куыстуаты разамынд лизинджы фæрцы самал кодта ног техникæ. Трактортæ, мотоблоктæ æмæ тауæнтæ. Агрофирмæйы разамонæг Мæхъиты Валерий куыд зæгъы, афтæмæй

Горæтгæрон районы Хетæгкаты Къостайы номыл агрофирмæ 8 азы архайы хоры æмæ хъæдуры культурæтæ æрзайын кæныныл
Æфæдзы размæ та куыстуаты разамынд лизинджы фæрцы самал кодта ног техникæ. Трактортæ, мотоблоктæ æмæ тауæнтæ. Агрофирмæйы разамонæг Мæхъиты Валерий куыд зæгъы, афтæмæй техникæ баивын уыд æнæмæнг хъуыддаг. Ацы хъуыддаджы сын баххуыс кодта хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрад. Ныртæккæ ам фæллой кæны 20 адæймаджы æмæ се `ппæт дæр афойнадыл исынц мызд.

Хæрзæрæджы агрофирмæйы разамынд балхæдта хоры мыггаг. Куыддæр сын боныхъæд фадат радта, афтæ зæхкуысджытæ рацæудзысты быдыртæм. Ныртæккæ цæттæ кæнынц техникæ, цалцæг кæнынц зæронд трактортæ æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. Агрофирмæйы кусджытæ æууæндынц, ног техникæимæ сæ къухы фылдæр æнтыстдзинæдтæ кæй бафтдзæн, ууыл.

Плиты Ибрагим, механизатор: «Куыстам ныронг зæронд техникæйыл æмæ нын зын уыд. Фæзынд ног техникæ æмæ кусæм. Æнцондæр нын у æмæ кусæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania