филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:39 воскресенье, 01 февраля 2026
20 декабря 2012, 09:27
Горæтгæрон районы культурæйы Галуаны уыд чиныг «Нæ аивады дæсныты» презентаци

Горæтгæрон районы культурæйы Галуаны уыд Дзиццойты Шамил æмæ Уæлыгæсты Тамарæйы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадыл арæзт чиныг «Нæ аивады дæсныты» презентаци. Ацы дыууæ адæймаджы 50-æй азæй фылдæр архайынц кусæг адæмы æрвылбоны цард фæрогдæр æмæ фæхъæлдзæгдæр кæныныл, æмæ сын æнтысгæ дæр кæны.

Горæтгæрон районы культурæйы Галуаны уыд
Дзиццойты Шамил æмæ Уæлыгæсты

Тамарæйы цардвæндаг æмæ сфæлдыстадыл арæзт чиныг «Нæ аивады дæсныты»
презентаци. Ацы дыууæ адæймаджы 50-æй азæй фылдæр архайынц кусæг адæмы
æрвылбоны цард фæрогдæр æмæ фæхъæлдзæгдæр кæныныл, æмæ сын æнтысгæ дæр
кæны.

Дзиццойты Шамил æмæ Уæлыгæсты Тамарæйы
ном фехъусгæйæ алы адæймаджы цæсгомыл дæр фæзыны мидбылхудт. Кæуылты
бирæ сты сæ лæггæдтæ сæ уарзон дзыллæйæн, æмæ сын цас бузныджы ныхæстæ
фæдзурынц хуымæтæг фæллойгæнджытæ. Сæ цыргъзонд æмæ хæлар зæрдæйы
ахастæй, алкæмæндæр æнæзивæг æххуысæй адæмы зæрдтæтæм ссардтой фæндаг.
Дисы æфтауы сæ алывæрсыг курдиат. Иу хуызон хорз сын æнтысы аивады алы
жанрты архайын дæр. Ацы дыууæ адæймаджы цардвæндаг, се сфæлдыстадон
гуырæнтæ æмæ сæ курдиат у цалдæр фæлтæры цардайдæн. Чиныг «Нæ аивады
дæснытæ» уымæн ирд æвдисæн.

Тамарæ æмæ Шамил сæ цард æнгом сбастой
аивадимæ. Скъолаты, клубты, быдырты алы ран дæр иу цымыдисæй æнхъæлмæ
кастысты æ уарзон артисттимæ фембæлдмæ. Уæдæ Цæгат æмæ Хусссар Ирыстонæн
зын рæстæджытæ куы скодта, уæд дæр иу æрлæууыдысты фыццæгты æмрæнхъ. Сæ
цардвæндаг у хъæздыг æмæ цымыдисаг. Чиныджы автор Тъехты Тамерланы дæр
хуымæтæджы нæ бафæндыд, Дзиццойты бинонты сфæлдыстадыл чиныджы сыфтæм
бахæссын.

Презентацимæ хуынд адæм стыр аргъ
скодтой Тамерланы куыстæн. Бантыст ын йæ æппæты ирддæр мæмæ мидисджындæр
æрмæг сæмбырд кæнын. чиныг стыр æххус уыдзæн рæзгæ фæлтæры хъомыладон
рæзтæн, стæй хихъæппæрисадон кхъордты архайдæн.

Тамарæ æмæ Шамилы курдиатыл иузæрдион чи
у, уыдонæн ма сфæлдыстадон изæры ноджыдæр иу хатт фадат уыд, сæ уарзон
æдæмимæ фембæлынæн æмæ сын сæ æвидигæ курдиат банкъарын.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania