Цæугæдæттæ Дзæуджыхъæуы уынгты. Горæты донуадзæн системæйы архайд зæрдæхсаинаг кæй у, уый аххосæй тыхджын къæвдаты рæстæг уынгты ацæуæн нæ вæййы нæ адæмæн, нæ
Ацы цъымарадон кæрты астæу циндзинад хæссы æрмæстддæр сывæллæттæн. Æмæ сæ кæд сæ ныййарджытæ нæ уадзынц уым хъазын, уæддæр уыцы ныхæстæм нæ хъусгæйæ сæхи «ирхæфсынц». Гугкайы-фырты уынджы 12-æм хæдзары цæрджытæн ахæм уавæртæн быхсын сæ бон нал у.
Теблойты Хъазыбег ацы хæдзары цæры 1968-æм азæй нырмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй проблемæйы сæйраг аххосаг у – кæрты донуадзæн системæ быронæй кæй байдзаг, уый. Уымæ гæсгæ къæвдайы дон кæдæм ацæуа, уый йын нæй.
Теблойты Хъазыбег, Гугкайы-фырты уынджы 12-æм хæдзары цæрæг: «Сывæллæтты æддæмæ рауадзæн нæй, хъуамæ сын сæ къухтыл хæцай. Кæннод бырынц уырдæм æмæ сæ нæ уадзæм. Тухæн кæнæм афтæ, сывæллæттæ кæм хъазой, уый сын нæй».
Адæм сæ хъаст цалдæр хатты бахастой алыхуызон куыстуæттæм. Фæлæ нырмæ уавæр нæ аивта. Цæрджытæн сæ бон нæу æддæмæ рацæуын дæр. Æппынæдзух кæрты ис уымæл æмæ уæззау уæлдæф.
Куымæридтаты Маринæ, Гугкайы-фырты уынджы 12-æм хæдзары цæрæг: «Къогъо дзы сбирæ ис, æвзæр тæф кæны, дæ сывæллоны æддæмæ нæ рауатдзынæ, æддейæ не рбатдзынæ, сыгъдæг уæлдæф махмæ нæй, афтæмæй нæ алыварс бæлæстæ. Мæнæ ацы цъымара нын нæ цард тынг æнад кæны. Алы уалдзæг мах къæвдатæй тæрс, цыма ныл зæд рацæудзæн, афтæ».
Ахæм уавæры сты, Чапаевы æмæ Марковы уынгты тигъмæ ввахс чи цæры, уыцы адæм дæр. Ам къæвдаты рæстæг сæ уынгтæй рауайы хæххон цæугæдæттæ.
Тандуты Дзерассæ, Марковы уынджы цæрæг: «Къæвдайы рæстæг бацæуæнтæ нæ вæййы, нæ адæймагæн, нæ машинæтæн, нал фæцæуынц размæ. Дон бакæлы кæртмæ æмæ цъыфæй бацæуæн нæ вæййы, æмæ мæнмæ гæсгæ хъуамæ стоктæ скæной, кæдæм цæуа уыцы дон».
Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ æмбарын кæнынц – горæты донуадзæн системæ арæзт кæй æрцыд ивгъуыд æнусы 50-æм азты. Уымæ гæсгæ базæронд, фæндæгтæ та фестырдæр сты æмæ тыхджын къæвдаты рæстæг дон кæуылты ацæуа, уый нæ вæййы. Куыд æмбæлы афтæ кусы æрмæстдæр хæтæлтæн сæ 20 проценты бæрц.
Хуасдзауты Мæирбег, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады комитеты коммуналон хайады хицау: «Ахæм проблемæтæ ис Сомихаг æмæ Мæскуыйаг уынгты, Æрхонкæмæ фæндагæй Леоновы уынгмæ, Пожарскийы æмæ Чапаевы уынгты. Уыцы хъуыддагыл администрацийы кусынц. Фæлæ проблемæйæн æвæстиатæй аиуварс кæнæн нæй. Ацы аз уал нæм проекттæ ис дыууæ объекты сцалцæг кæнынæн. Уыимæ ма нæ бон зæгъын у, æмæ ног фæндæгты арæзт цæуынц уыцы фарстатæ хынцгæйæ».
Иу проблемæ та ма уый у, æмæ цæрджытæ сæхæдæг нæ хъахъхъæнынц донуадзæн системæ. Адавынц люкты сæртæ, æмæ уый тыххæй бырæттæй байдзаг вæййынц хæтæлтæ æмæ дзы дон нал фæцæуы. Арæх ма адæм барæй уыцы люкты ныккалынц, арæзтадон куыстыты фæстæ цы бырæттæ вæййы, уый дæр. Администрацийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй проблемæ æрмæст уыдоны архайдæй аиуварс кæнæн нæй.
Гугкаты Иринæ




