филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:51 воскресенье, 19 мая 2024
19 апреля 2022, 12:10
Горæт Ясиноватыйы минæвæрттæ дæр рагæй  бæлыдысты  Ирыстон бабæрæг кæнынмæ, фæлæ сæ царды уавæртæ ардæм æххуысагур æрбакæндзысты

Ныр æрбынæттон сты санаторий «Юность»-ы

Ирыстоны æрдзы æмæ традициты кой фехъусгæйæ, бирæты бафæнды нæ республикæ бабæрæг кæнын. Горæт Ясиноватыйы минæвæрттæ дæр рагæй  бæлыдысты  Ирыстон бабæрæг кæнынмæ, фæлæ сæ царды уавæртæ ардæм æххуысагур æрбакæндзысты, уый æнхъæл нæ уыдысты. Ныр æрбынæттон сты санаторий «Юность»-ы. Тынг разы сты сæ уавæртæй. Уазджытæн арæх арæзт цæуынц экскурситæ. Ацы хатт æрбацыдысты, Сапицкийы будкæ кæй хонынц, уырдæм.

Украинæйы сæрмагонд операцийы фæстиуджытæ сæхиуыл цы адæм æвзарынц, уыдонæн феххуыс кæныны хъуыддаджы Цæгат Ирыстон фæстаг рæнхъыты нæй. Ныртæккæ республикæйы ис 300 адæймагæй фылдæр. Ирыстоны уазæгуарзондзинад се гас дæр зæрдиагæй æвзарынц сæхиуыл. Хуынд цæуынц алы хуызы мадзæлттæм. Дзæуджыхъæуы Сапицкийы район кæй хонынц, уым алы райсом æрбамбырд вæййынц æнæниз цардыуаг парахат кæнæг адæм. Сæ сæргъы Ирон адæмы æгъдау æмæ кад æхсæнадмæ хæссæг Хъуыссæты Маирбег, афтæмæй.  Ныр сæ уæнгтæ фæфылдæр сты. Æрбахуыдтой Украинæйы æрбацæуджыты æмæ сын сæ удтæ райдзаст кæныныныл архайынц

Уæвгæ ахæм фембæлдтытæ ам систы традицион. Уазджытæн иумæйагæй æмбарын кæнынц, ацы уæззау рæстæг сын алчидæр цæттæ кæй сты сæ тыхст æмæ зын, фæрогдæр кæнынмæ. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй фараст азмæ хæстæг  цардысты тæрсгæ ризгæйæ. Ныр æнхъæлмæ кæсынц сæ рухс фидæнмæ.

Афтæ фæзæгъынц, абоны бонæй цæрæн нæй. Æмæ  æцæгæй дæр, Украинæйы сæрмагонд операци дæр фæуыдзæн, фæлæ  ацы сылгоймæгты удты Ирыстоны адæмы зæрдиаг цæстæнгас баззайдзæн цæргæбонты. Куыд зæгъынц, афтæмæй ма сæ фæнды ссæуын ардæм фæстæмæ.

Рæдау уды хицау Хъуыссæты Маирбеджы хæрзаудæн куыст у бафæзминаг. Уый хуызæтты фæрцы рæзы нæ адæмы хатты кад æмæ намыс. Æнæзивæгæй æмæ зæрдиагæй кусы Ирыстоны ном бæрзонд кæныныл алкæйы цæсты дæр.

 Донбассæй æрбацæуджыты рæсугъд æнкъарæнтæ дзурæг сты нæ адæмы уды хаттыл. Зарядкæйы æмæ зиуы бацархайгæйæ сæхи банкъардтой æнгом бинонты астæу. Стæй сын цы диссаджы национ хæринæгтæ скодтой, уыдоны ады кой та ма бирæ рæстæг кæндзысты. Къорды уæнгтæ сын зæрдæ бавæрдтой дæсныйад æвдисæг ахуыртæ саразæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania