филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:22 воскресенье, 01 февраля 2026
01 марта 2023, 11:21
Горæтаг цард хъæуккагмæ раивыны фæндон фæстаг рæстæг бирæтæм æрцыд

Чи йæ рагон бæллиц æххæст кæны, кæмæдæр та æнæнхъæлæджы фæзынд уыцы хъуыды

Горæтаг цард хъæуккагмæ раивыны фæндон фæстаг рæстæг бирæтæм æрцыд. Чи йæ рагон бæллиц æххæст кæны, кæмæдæр та æнæнхъæлæджы фæзынд уыцы хъуыды. Цалдæр ахæм адæймагимæ аныхас кодта не сфæлдыстадон къорд. Куыд сбæрæг, афтæмæй дзы иутæм ис хъæрмуат саразыны бæллиц, иннæты та фæнды сæ хæдзарад райрæзын кæнын. Ацы хъуыддæгты сæ зæрдæ дарынц паддзахады æххуысыл дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Касаты Наирæ.

Дзыныхты Гурам у раздæры æфсæддон. Пенсийы куы рацыди, уæд æй быфæндыд йæ горæтаг цард хъæуккагыл баивын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын хъæуы куыст уыдзæн кæдфæндыдæр. 9 сотых зæххы хай адих кодта дыргъты цад æмæ цæхæрадоныл. Ам ын ис, йæхи цæхæрадонæй ист дыргътæ æмæ халсартæ кæм фæдары, ахæм пъадвал дæр.

Дзыныхты Гурам хъæумæ рацæуынмæ йæхи цæттæ кодта зæрдиагæй. Цалдæр камазы æрбаласта мæр. Хорз зæххыл кусынæй хуыздæр ма цы уа, зæгъы Гурам. Цы картоф æрзайын кæны, уый йын фаг вæййы æнæхъæн зымæг. Уæдæ сезоны та халсартæ байуары æрмæст йæхиуæттæн нæ, фæлæ ма сыхæгтæн дæр. Ис æм алыхуызон пайдайаг кæрдæджытæ дæр. Йæ тыллæгæй лæвæрдта дуканитæм дæр. Куысты йын тынг æххуыс у техникæ. Зæгъæм, хуымтæ белæй къахыны бæсты пайда кæны автоматизацигонд æххуысгæнджытæй. Ныр 20 минутмæ йæ бон æркъахын у æнæнхъæн цæхæрадон, раздæр та йын иу ацы куыстыл ацыд къорд рæстæг.

Дзыныхты Гураммæ ис иу бæллиц. Нæлгоймаджы тынг фæнды гыццыл дзулфыцæн саразын. Фæлæ уал нырма хъæуы зæххы хаймæ базилын, æмæ дзы бындурон быру сæвæрын. Фæнды йæ йæ хæдзарад рапарахат кæнын, стæй фос балхæнын. Йæ зæрдæ дары паддзахады æххуысыл. Иунæг къуылымпыдзинад – дондзæуæн системæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та дзы нæй æппындæр. Æрæджы Джызæлы баивтой æппæт коммуникацитæ. Дон фæзынд ног уынгты дæр. Ам дæр зæрдæ бавæрдтой коммуникацитæ баивынæй, фæлæ нырма ницы.

Магкæты Давид та йæ цæрæнбынат горæтæй хъæумæ раивтаид 15 азы размæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын фыццаг рæстæг уыди зын. Дзæуджыхъæуы Давид куыста историйы ахуыргæнæгæй. Сахатгай иу уыди библиотекæты.

Магкæты Давидмæ ис гыццыл хæдзарад. Уый хыгъд фос та дары бирæ. Йæ фосы дзуг хизы хибарæй. Рæстæгæй рæстæгмæ сын ратты æнæмæнг хъæугæ витаминтæ æмæ микроэлементтæ. Цæрæгойтæ сты фидар, хæххон уавæрты сæхи æнкъарынц иттæг хорз. Уæдæ æхсыр дæр кæнынц хорз.

Дзæуджыхъæуы Давид арæх нæ вæййы. Цы продукттæ йæ фæхъæуы, уыдон балхæны хæстæгдæр дуканимæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ горæтмæ фæндгæ дæр нæ кæны. Хохы Санибайы йæхи æнкъары дзæбæх æмæ амондджын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania