Дзæуджыхъæуы цæрджытæй, тæрккъæвдатæ сæ хæдзæрттæ æмæ цæхæрадæттæ кæмæн ныппырх кодтой, уыдон ахæм æххуыс ныридæгæн райстой
Горæтгæрон районы æрдзон фыдбылызæй хъыгдард чи баййæфта, уыдон исын райдайдзысты уыцы-иу хатты фиддонтæ. Дзæуджыхъæуы цæрджытæй, тæрккъæвдатæ сæ хæдзæрттæ æмæ цæхæрадæттæ кæмæн ныппырх кодтой, уыдон ахæм æххуыс ныридæгæн райстой. Ацы фарстайыл ныхас цыди æрвылкъуырион аппаратон æмбырды. Æрдзырдтой дзы фидæны фæлладуадзæн бынат Мамысоны арæзтадон объекттыл дæр. Республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй арæзтадон фæзы равæрдзысты сæрмагонд штаб. Разамынд ын дæтдзæни республикæйы минæвар æмæ йыл уыдзæни, куыстытæм æххæстæй цæстдарыны хæс æвæрд. Æмбырды ныхас цыди Точка роста-йы ног бынæттæ гом кæныныл дæр. Фæзындзысты ма 22 ахуырадон организацийы. 42-æм скъолайы та байгом кæндзысты ног кванториум. Хъæугæ кусæнгæрзтæ дзы æвæрын райдайдзысты аци къуыри. Æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрады информацимæ гæсгæ, Дур-Дуры сыгъдæг кæнынц донвæд, уымæн æмæ дзы тæссаг у донивылдæй. Уый фæстæ та сæрмагонд техникæ арвитдзысты станица Николаевскæмæ.




