28 мая 2025, 10:47
Горæтгæрон районы арæзт æрцыд æрвылазон фестиваль «Æрцæгъд, фæндыр»
Ацы аз уыд 7-æм хатт, æмæ баст уыд Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, фæндырдзæгъдæг Золойты Беллæйы сфæлдыстадимæ
Горæтгæрон районы арæзт æрцыд æрвылазон фестиваль «Æрцæгъд, фæндыр». Ацы аз уыд 7-æм хатт, æмæ баст уыд Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ, фæндырдзæгъдæг Золойты Беллæйы сфæлдыстадимæ. Конкурсы архайдтой 40 æвзонг музыканты. Аргшъ та сын кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ: нæ республикæйы адæмон артист Дзуццаты Сослан, сгуыхт артист Дулаты Тугъан, æмæ адæмон сфæлдыстады Хæдзары директор Лалыты Хъазыбег. Цæгат Ирыстоны адæмон артисткæ Золойты Беллæ бæрæгбон саив кодта йæхи сфæлдыстадæй. Ацагъта адæмы уарзон мелодитæ. Музыкалон форум фæци, уæлахиздзаутæн кад кæнынæй. Се ппæт дæр райстой дипломтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

темæмæ гæсгæ