филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:11 суббота, 28 сентября 2024
23 июля 2020, 11:48
Горæтгæрон районы хъæу Джызæлы Коцойты Арсены уынджы цæрджытæ дыууæ къуырийæ фылдæр тыхсынц æнæ донæй

Уынджы дыууæ кæроны дон кæлы, фæлæ астæуæй цы хæдзæрттæ ис, уыдонмæ та нæ хæццæ кæны

Горæтгæрон районы хъæу Джызæлы Коцойты Арсены уынджы цæрджытæ дыууæ къуырийæ фылдæр тыхсынц æнæ донæй. Уынджы дыууæ кæроны дон кæлы, фæлæ астæуæй цы хæдзæрттæ ис, уыдонмæ та нæ хæццæ кæны. Ахæм зындзинæдтæ хъæуы цæрджытæ фыццаг хатт не взарынц. Цалдæр азы размæ дæр ма тыхстысты ацы фарстайæ. Уæд хъуыддагыл бæргæ бацархайдтой, фæлæ, куыд разынд, афтæмæй бирæ рæстæгмæ нæ. Ныр та ацы уынджы хæдзæртты дон вæййы æрмæстдæр къæвдабонты, кæнæ та изæрæй. Ныр Джызæлы дондзæуæн системæ цалцæг кæнынц. Хæтæлтæ разындысты зæронд æмæ хæлд. Раздæр сæм дон ластой цистернæты, фæлæ йæ сыгъдагдзинадыл адæм дызæрдыг кодтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania