филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
04 июля 2019, 17:15
Горæтгæрон районы хъæу Ир-Восходы цæрджытæ тынг тыхсынц сæ фæндæгты уавæрæй

Асфальты бæсты дзы цъымарадæттæ. Уарынты фæстæ дзы уæвгæ дæр ацæуæн нал вæййы, нæ фистæгæй, нæ машинæйæ.

Горæтгæрон районы хъæу Ир-Восходы цæрджытæ тынг тыхсынц сæ фæндæгты уавæрæй. Асфальты бæсты дзы цъымарадæттæ. Уарынты фæстæ дзы уæвгæ дæр ацæуæн нал вæййы, нæ фистæгæй, нæ машинæйæ. Цæмæй сын зæрдæ æвæрынц бынæттон администрацийы, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.
Дзасохты Эмзар кусы хъахъхъæнæгæй сывæллæтты поликлиникæйы. Кусынмæ фæцæуы Дзæуджыхъæумæ. Æмæ алы бон фæхизы цæлхдурты сæрты. Зæгъæн ис, æмæ йе хцатæ бахардз кæны сæрмагонд кусæнгрæзтыл, цæмæй та йæ машинæ радон хатт дзыхъхъы ма ныссæдза.
Эмзар куыд зæгъы, афтæмæй ма ис фыддæр фæндæгтæ дæр.
Чи баххуыс кæны, уыдон сæхæдæг сты æнæ машинæтæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй сæ цалцæг кæнынæнй баффæладысты. Бирæ хæттыты сын фистæгæй æнцондæр вæййы.
Ныр та адæмæн æндæр гæнæн нæй, æмæ уавæрæй агуырнц рацæуæнтæ. Балхæдтой хуыр æмæ лыстæг агуыридур, æмæ сæ ныккалдтой фæндагыл. Фæлæ уый бирæйы фаг не свæййы. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ сæйраг уынгтæй иуыл асфальт сæвæрдтой æрдæгмæ. Афтæмæй та фæрсаг уынгтæ сты асфальтгонд. Ацы фарстæн дзуапп дæттынц бынæттон администрацийы. Зæгъынц, ацы фæндæгтыл цæуы æхсæнадон транспорт. Уымæ гæсгæ сæ сцалцæг кодтой раздæр. Уыимæ архайынц алыхузон проектты, се хсæн федералонтæ дæр. Фарон программæ «Хъæуккаг территориты райрæзт»-мæ хаст æрцыд цалдæр уынджы. Зæнджиаты æмæ Быценты уынгты фæрсты та цæуынц æппæт коммуникацитæ. Æмæ хъæуы банхъæлмæ кæсын, цалынмæ алы хæдзармæ дæр бахæццæ уой, уæдмæ. Уымæн æмæ фæрæзтæ сты федералон, æмæ сæ хъæуы ахадгæйæ спайда кæнын.
Ацы аз базилдзысты Атейы уынгмæ, стæй хайгай Зæнджиаты æмæ Быценты уынгтæм. Фæлæ иу фиппаинаг, фндагыл ныккалдзысты хуыр змисимæ хæццæйæ. Асфальтæн сæм æхца нæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania