Уыдзæн дзы 120 бынаты
Горæтгæрон районы хъæу Иры кадджын уавæры байгом кодтой ног рæвдауæндон. Уыдзæн дзы 120 бынаты. Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Æмæ ныр се ппæт дæр бацин кодтой. Райдзаст æмæ стыр уæттæ, хъазæн фæз, дзаумæттæ ивæн бынат, хæринаггæнæн блок, медицинон кабинет. Алцыдæр дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Ууыл æрлæууынмæ нæ хъавынц. Ирыхъæуы дарддæр арæзт цæудзысты социалон объекттæ. Уымæй бынæттон цæрджытæн зæрдæ бавæрдта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Республикæйы разамонæг йæхæдæг федта ног рæвдауæндоны уавæртæ, æмæ раарфæ кодта сабитæн, сæ ныййарджытæн æмæ ахуыргæнæдоны коллективæн. 2021-æм азмæ нысан кæнынц ноджыдæр 1900 бынаты скæнын рæвдауæндæтты. Ныртæккæ арæзтадон куыстытæ цæуынц Дачнæйы, Мичуриныхъæуы, стæй Мæздæджы районы цалдæр станицæйы.




