Уыцы рæстæгмæ, рынчындоны чи уыди, уыцы адæмы фылдæр хай конд æрцыдысты æдас бынатмæ
Горæтгæрон районы центрон рынчындоны арæзт æрцыдысты æнæнхъæлæджы цауты министрады зынгхуыссынгæнæн-тактикон ахуыртæ. Фыццаг зынгхуыссынгæнджытæ бынатмæ æрбамбæлдысты цалдæр минутмæ. Уыцы рæстæгмæ, рынчындоны чи уыди, уыцы адæмы фылдæр хай конд æрцыдысты æдас бынатмæ. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ, ахуырты нысан уыди, арт ахуыссын кæнын, стæй сæхи бон бæстыхайæ рацæуын кæмæн нæ баци, уыдонæн баххуыс кæнын. Уымæ гæсгæ уыцы иу рæстæг хуыссын кодтой арт, стæй агуырдтой хъыгдардбаййафджыты. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы ахсджиаг у рæстæг ма фесафын, æмæ афоныл командон хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын. Уымæн та хъæуынц æрвылбоны тренировкæтæ. Бæлвырд план æххæст кæнын хъуамæ зоной æрмæст æнæнхъæлæджы цауты министрады уæнгтæ нæ, фæлæ рынчындоны кусджытæ дæр.




