филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:30 суббота, 18 мая 2024
09 июня 2022, 13:12
Горæты 10 маршрутон таксийы фæндаггаджы аргъ ныр къуыри 25 сомæй къаддæр нæ кæны

Æртæ бæлццæттæласæн компанийы мæйы райдиан тариф систой 25 проценты

Горæты 10 маршрутон таксийы фæндаггаджы аргъ ныр къуыри 25 сомæй къаддæр нæ кæны. Æртæ бæлццæттæласæн компанийы мæйы райдиан тариф систой 25 проценты. Уыцы рæстæгмæ амалхъом адæмы æмæ хицауады æмæ транспорты, стæй фæндаггон инфраструктурæйы минæвæрттæн уыди цалдæр фембæлды. Ведомствæйы куыд фæнысан кодтой, афтæмæй комитет бæлццæттæласæн хи компаниты тарифтæм ницы бар дары. Фæлæ, адæмы чи ласы, уыцы компанитæ хъуамæ закъонмæ гæсгæ равдиса æргътæ сисыны аххосаг цы уыди, ахæм экономикон бæлвырддзинад. Стæй адæмы хъуамæ бафæдзæхса раздæр.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ сæрды фыццаг бон 33 сомæй 40 соммæ æргътæ фæфылдæр сты Беслæнмæ маршрутты дæр. Фæлæ йæ иннæ бон фæстæмæ скодтой раздæры бæрц. Уыцы рæстæг та Дзæуджыхъæуы маршрутон такситæй чи пайда кæны, уыдоны зæрдæмæ уавæр нæ цæуы. Бирæтæ фенхъæлмæ кæсынц раздæры æргътæ кæм ис, ахæм маршруттæм, кæд сæ бынатмæ æрлæууæнæй дард цæуын фæхъæуы, уæддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania