Ныридæгæн конд æрцыд бирæ куыстытæ, сарæзтой зиу, ныссагътой дзы заз бæлæстæ
Горæты адæмæн сæ уарзондæр фæз Сапицкийы фæлладуадзæн бынат цæуы æфснайд. Ныридæгæн конд æрцыд бирæ куыстытæ. Сарæзтой зиу, ныссагътой дзы заз бæлæстæ. Тагъд рæстæг горæты цæрджытæн æмæ республикæйы уазджытæн сæ бон уыдзæн ног аллеяйы атезгъо кæнын. Бæлвырддæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Цæрджыты æмæ республикæйы уазджыты уарзондæр бынат у Сапицкийы хъæд. Ныртæккæ дзы цæуынц аивгæнæн куыстытæ. Архайынц дзы национ-культурон æхсæнадты минæвæрттæ, республикæйы Хæлардзинады Хæдзары кусджытæ, хæххон паддзахадон аграрон университеты ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ.
2016 азы их уарды рæстæг парчы афæлдæхтысты бирæ бæлæстæ. Ныр уыдон бафснайдтой. Ныссагътой заз бæлæсты талатæ.
Хъæд 1869-æм азы Дзæуджыхъæуы Думæйы амындмæ гæсгæ ныссагъта Терчы облæсты хъæдты сæргълæууæг Николай Сапицкий. Ацы бынаты лæууыд хъалагъурты агъуыст. Уый тыххæй йæ цæрджытæ хонынц Сапицкийы бынат. Ацы аз бæлæстæ сагътой польшæйаг национ-культурон æхсæнады минæвæрттæ.
Ацы бынат саив кæнын уыд республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы хъæппæрис. Адæм уарзынц Сапицкийы хъæды тезгъо кæнын, фæлладуадзын æмæ æрдзы рæсугъдзинæдтыл фæлгæсын. Заз бæлæстæ куы сдынджыр уой, уæд дзы рауайдзæн цæрджыты æмæ республикæйы уазджытæн æхсызгондзинад чи хæсса, ахæм рæсугъд аллея.