филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:38 четверг, 02 мая 2024
20 сентября 2022, 11:49
Горæты бон ацæудзæн æнæ эстрадон концерттæ æмæ æнæ бæрæгбоны салюттæй

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло

Горæты бон ацæудзæн æнæ эстрадон концерттæ æмæ æнæ бæрæгбоны салюттæй. Се ппæт мадзæлттæн дæр уыдзæни патриотон нысан. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уымæй уæлдай фехъусын кодта, Украинæйы сæрмагонд операцийы чи архайы, уыцы æфсæддонтæе хæстæгдæр рæстæг æрвыст æрцæудзæн 450 тонны гумманитарон æххуыс. Æмбырды ныхас цыди хъармгæнæн сезоныл дæр. Сæрмагонд службæтæ йæм цæттæ кæнынц, фæлæ къуылымпыдзинæдтæ сæвзрд онкологон диспансеры æмæ Дзæуджыхъæуы 2-æм арæндоны. Республикæйы Сæргълæууæг дзуаппдæттæг куыстуæттæн бахæс кодта, цыбыр æмгъуыдмæ фарста алыг кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania