филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

20:14 воскресенье, 01 февраля 2026
02 сентября 2022, 11:34
Грантты фæрцы Дыгуры районы бирæ къабæзты райрæзтыл куыст цæуы

Се хсæн хъæууон хæдзарад дæр

Грантты фæрцы Дыгуры районы бирæ къабæзты райрæзтыл куыст цæуы. Се хсæн хъæууон хæдзарад дæр. Ныртæккæ зæхкусджытæ сæхи цæттæ кæнынц сæ фæзыгæндтæ сисынмæ. Рæвдз кæнынц сæ техникæ. Сæ цæст дарынц сæ тыллæгмæ.

Дыгуры районы хъæууон хæдзарады уавæрмæ зæхкусджыты зæрдæ рухс кæны. Сæ фæзыгæндты æрзад у зæрдæмæдзæугæ. Уæлдай цин та кæнынц, санкцитæ сын сæ архайд кæй нæ фæкъуылымпы кодтой, ууыл.

Фæстаг азты Дыгуры районы фæзынд фылдæр ног техникæ, уый фæрцы сæ тыллæг дæр æфснæйд цæуы афоныл.

Районы зæххыты фылдæр хайы конд ис нартхор, фаронæй фылдæр ныссагътой сойæ, дæс æмæ дыууисæдз гегктары та картоф. Паддзахадон æххуысы фæрцы та, Бадриты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ, хъæууон хæдзарады кусджыты ныфс кæны фылдæр.

Уæвгæ Дыгуры районы ис 20 стыр хæдзарады, сæдæйæ фылдæр та сты гыццылдæртæ. Фæлæ се ппæты куыст дæр пайдайаг у районæн, йæ цæрджытæн. Ис дзы балхæнæн  хи дзидза, æхсыры продукци, бынæттон пъамидортæ, джитритæ.

Æрыгон зæхкусæг Зуймонты Сослан, дæс азы дæргъы архайы Дигорайы  пъамидорты баркадджын тыллæг æрзайын кæныныл.  Цы хъармуатыл  кусы, уым  ис  пъамидоры 7 мин талайы.

Ацы хъармуат æххæст у æппæт нырыккон гæнæнтæй. Алцыдæр дзы конд цæуы автоматикон æгъдауæй. Архайынц цæмæй химикон буаргъæдтæй чысылдæр пайдагонд цæуа, ууыл.

Ацы пъамидорты талаты  сарæзын бауаддзысты 3 метрæй онг, уæды онг дзы хъуамæ сисой рæстæмбис нымадмæ гæсгæ, иннæ азтимæ абаргæйæ 70 тоннæйы тыллæг. Сослан, талаты æнæниздзинад сæ сыфты хуызæй,  уайтагъд бамбары. Ацы къæпхæны сæйрагдæр у  – хъæугæ минералтæй сæ фæхайджын кæнын.

Дæс азмæ Зуймонты бийнонтæ базыдтой ацы куысты æппæт сусæгдзинæдтæ. Æнæмæнг, æнæ зындзинæдтæй æмæ æнæ къуылымпытæй дæр нæ вæййы, æмæ  уыцы рæстæг та сæ фарсмæ æрбалæууынц зæрдæхæлар адæм. Сосланæн зæрдæ бавардтам тыллæг исыны афон дæр ын йæ бæркад фенынмæ кæй æрбацæудзыстæм, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania