Фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, уый феныны тыххæй фермерон хæдзарæдтæ бабæрæг кодтой республикæйы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады специалисттæ.
Грантты фæрцы нæ республикæйы фермертæ базылдысты сæ куыстуæттæм, æмæ фæфылдæр кодтой стурвосы нымæц. Фæрæзтæй куыд пайда кæнынц, уый феныны тыххæй фермерон хæдзарæдтæ бабæрæг кодтой республикæйы хъæууон хæдзарады æмæ хойраджы министрады специалисттæ. Ацы хатт эксперттæ уыдысты Гортæгрæон æмæ Рахизфарсы районты.
3 боны йеддæмæ йыл нæма цæуы, фæлæ йæ къæхтыл фидар лæууы. У цæрдæг, уый та ууыл дзурæг у, æмæ ацы род æнæниз кæй у»,- зæгъы фермæйы кусæг. Роды мыггаг у францусаг – зындгонд «Монбельярд». Гранты фæрцы фермæ самал кодта хæрзмыггаг 160 стурвосы. Хæдзарады фарстатæ директор бабар кодта Хынцæгты Барисæн. Ацы къабазы у фæлтæрдджын, бакуыста дзы 35 азы, æмæ зоны æппæт лыстæг фарстатæ
Хæрзмыггаг хъуццытæ дæттынц бирæ æхсыр. Йæ сой дæр гыццыл нæу – цыппар æмæ рдæг проценты. Ацы дыгырдгуыты балхæдтой æхсыры куыст кæнынмæ. Нырма уал дзы иу дæтты 20 литры, фæлæ, гæнæн ис, æмæ суткæмæ иу хъугæй æрдуццысты æртын фондз – цыппор литры. Цæмæй æхсыр фылдæр уа, уый тыххæй та сын дæттын хъæуы алцæмæй æххæст хæринаг. Холлæгтæ цæттæ кæнынц фермæйы, ис сæм сæхи куырой.
Ольгинскæйы фермæйы аразынц ног хъомдон. Бинонты фермæйы грант райста Кокайты Руслан. Фынддæс милуан сомæн самал кодта швиццаг фосы мыггаг. Ныртæккæ хъомтæ сæхи хорз æнкъарынц Ирыстоны сæрдыгон уыгæрдæнты дæр, фæлæ сæ фæззæджы бакæндзысты алцæмæй æххæст бынатмæ, уыимæ дзы бынæттон цæрджытæн дæр фæзындзæн ног куысты бынæттæ. Гранттæй фермертæ куыд пайда кæнынц, уый бынаты федта хъæууон хæдзарады министры хæдивæг Рубайты Ибрагим.
Æдæппæтæй фарон нæ республикæмæ баластой иу мин фондз сæдæ стурвосы. Ацы аз та ноджы фылдæр. Уыимæ эксперттæ зæрдæ æвæрынц, се ппæт фермертæн кæй æххуыс кæндзысты.




