филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:22 суббота, 28 сентября 2024
22 июля 2021, 13:16
Граждайнаг акттæ фидаргæнæн хайады бæстыхай у цалцæггæнинаг

Уæвгæ та бæстыхай арæзт æрцыд 1905-æм азы

Къайад фидаргæнæн хайады бæстыхай нымад у нæ республикæйы культурон хæзнайыл, æмæ ныртæккæ у бындуронæй цалцæггæнинаг. Фæстаг хатт дзы рацарæзты куыстытæ цыдысты дæсгай азты размæ. Уæвгæ та бæстыхай арæзт æрцыд 1905-æм азы. Схонæн æй ис 19-æм æнусы ирд архитектурон дæнцæгæй. Цавæр хъысмæт ын уыдзæн, уый тыххæй радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ацы бæстыхаймæ чи бахизы, уый никуы ахъуыды кæны, йæ къулты цы сусæгдзинæдтæ æмбæхст ис, уыдоныл. Бæрзонд рудзгуытæ, мансардæ æмæ æртæ пецы. Ам ма уыдис хæдзарон театр дæр йæхи сценæйымæ. Рæсугъд аркæтæ, зырнæйзылд аивгæнæнтæ — ЗАГСы кусджытæ архайынц алы дур дæр бахъахъхъæнын, фæлæ зынтæй сæ къухы æфты. Ноджы тæссаг у, уыцы уæззау аивгæнæнтæй искæцы адæймагыл куы рахауа, уымæй дæр.

Модерн стилы арæзт бæстыхай у нудæсæм æнусы архитектурæйы ирд æвдисæн. Къайад кæм фидар кæнынц, уыцы агъуысты ис æртæ метры бæрзæнд рудзгуытæ. Гом кодтой цæхгæрмæ, фæлæ сæм ныртæккæ æвналын нæ уæндынц, фырзæрондæй мыййаг куы базгъæлæнтæ уой, уымæй тæрсгæйæ. Сæхи тыхтæй бæстыхаймæ базилын ЗАГСы кусджыты бон нæу. Объект нымад у культурон быныл.

Сæ фылдæр рæстæг къайад фидаргæнæн хайады кусджытæ рвитынц æнæ хуры рухсæй. Цалдæр агъуысты та рудзгуытæ уæвгæ дæр нæй. Хаттæн къæвда æви мит рауарыд, уый кусджытæ базонынц æрмæстдæр æддæмæ рацæугæйæ. Ныртæккæйы ЗАГСы бæстыхай 1905 азы сарæзта Терчы облæсты зындгонд архитектор Владимр Грозмани. Йæ проект æрхъуыды кодтой амалхъом адæймаг Александр ЗамковОйы сæрмагонд курдиатмæ гæсгæ. Уый фæндыдис, цæмæй хæдзар уа горæты театры фæстæ, Ремесленный уынджы. Ныртæккæ хæссы Баллаты Валодяйы ном.

Ныртæккæ та дзы хъуына æмæ уымæл æрцардысты. Уыдон уайдзæфгæнгæ кæсынц алы рбацæуæгмæ дæр. Фæзæгъынц, зæгъгæ дам æрыгон къай цæмæй æмзай æмзæронд бауа, уый тыххæй дам хъуамæ иумæ кæсæнмæ бакæсой. Фæлæ ацы кæсæны фенæн ис, фырзæрондæй гом кæнын чи нал комы, ахæм дуæрттæ æмæ къулты скъуыдтытæ.

Фæстаг хатт бæстыхаймæ базылдысты дæс азы размæ. Цæгат Ирыстоны культурон бынтæ хъахъхъæныны комитеты сæрдар Æгайты Эмилия куыд зæгъы, афтæмæй объект домы æвæстиаты рацарæзт, фæлæ нырма иунæг программæмæ дæр хаст не рцыд.

ЗАГСы кусджытæ тыхсынц, æрыгон адæм сæ къайад кадджын уавæры æндæр рæтты фидар кæнын куы райдайой, уымæй.

Бæстыхайы сусæгдзинæдтæ æрмæст йæ архитектурæйы æмбæхст не сты. Ацы хæдзарæн уыдис æрмæстдæр дыууæ хицауы. 1929 азы ам цард политикон архайæг Исидор Черноглаз. Уый дæр, куыд хæдзары иннæ хицау афтæ, æвирхъау мардæй амард. Йæ марæджы йын афтæ дæр не ссардтой. Уыцы æнамонд хабæртты тыххæй горæты цæрджытæ ацы хæдзар нæ уарзтой, тарстысты дзы. Къорд азы рацыд æмæ куыд уынæм, афтæмæй бæстыхай йæ хицæутты хъысмæт фæзмыны. Марынц æй рæстæджы фæд æмæ куыдфæндыйы ахаст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania