Уый кадæн республикæйы арæзт æрцыдысты грекъаг культурæйы бонтæ. Бæрæгбоны архайынмæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты уазджытæ уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг грекъаг диаспорæтæй.
Инга Абгарова Цæгат Ирыстоны ис фыццаг хатт. Сылгоймаг у грекъаг газет «Мир и Омония»-йы редактор. Мыхуыры цæуы уырыссаг æвзагыл. Афинтæй æрбацыдис сæрмагондæй æхсæнад «Прометей»-ы 25 азы юбилей сбæрæг кæнынмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ хæсыл банымадта номарæн уæлмæрд «Зæдты горæт» бабæрæг кæнын. 10 азы размæ, Беслæнæн чи баххуыс кодта, уыдонæй фыццæгтæй иу уыд Греци.
Инга Абгарова, газет «Мир и Омония»-йы редактор: «Æз хорз хъуыды кæнын уыцы бон. Нæ газеткæсджытæй нæм иу æрбацыд. Йæ чызг ам ахуыр кодта. 3 боны телевизор æмæ интернетæй кастыстæм цы хабæрттæ цæуы, уымæ. Нæ бон куыд уыд, афтæ йæ сабыр кодтам, фæлæ, хъыгагæн, сывæллон нæ аирвæзт».
«Прометей»-ы юбилей сбæрæг кæнынмæ республикæмæ ссыдысты уæрæсейаг æмæ фæсарæйнаг грекъаг диаспорæты минæвæрттæ, стæй Грецийæн Новороссийскы цы консулад ис, уый генералон консул ФрагИскос КостеллЕнос. Уазджытæ федтой Беслæны фыццæгæм скъола. Ссыгъдтой дзы сойын цырæгътæ, æрхъуыды кодтой теракты амæттæгты нæмттæ. Делегаттæ уыдысты сæ кадджын æмзæххон – Иван Канидийы номыл скъола-интернаты дæр. Уый байгом 4 азы размæ. Йæ арæзтадмæ стыр æвæрæн бахаста Грецийы Хицауад. Ныр 4 азы ам æнтыстджынæй цæттæ кæнынц футболистты.
Æгкацаты Хъазыбег, Иван Канидийы номыл скъола-интернаты директоры хæдивæг: «Иу хатт рамбылдтам республикон турнир, Уæрæсейы бацахстам 2 бынат. 2 лæппуйы ахуыр кæнынц Мæскуыйы, хорз клубты хъазынц дыууæйæ».
Фидæны æмгуыстады фадæтты тыххæй генералон консул æрныхас кодта республикæйы разамындимæ. Парламенты сæрдар Алексей Мачнев радзырдта республикæйы уавæрты тыххæй.
Фрагискос Костелленос спикеримæ сразы ис. Фæнысан кодта, ацы фембæлд амалхъомдзинады ахастдзинæдтæ парахат кæныны хъуыддаджы фыццаг къахдзæф кæй у, уый.
Фрагискос Костелленос, Грецийы генералон консул: «Æз Грецийы амалхъом адæмæн радзурдзынæн, Цæгат Ирыстоны бизнесы райрæзтæн æппæт уавæртæ дæр кæй ис, уый».
25 азы юбилей сбæрæг кæнынмæ грекъаг æхсæнад цæттæ кодта афæдзæй фылдæр. Стыр куыст бакодтой. Зæгъæм, ныр «Прометей»-æн уыдзæн йæхи сæрмагонд газет.
Ай у газет «Прометей»-ы фыццаг номер. Бацæттæ йæ кодтой сæрмагондæй грекъаг æхсæнады юбилеймæ. Фыст дзы сты национ-культурон центры цымыдисагдæр цаутæ. Газет мыхуыры цæудзæн 3 мæйы 1 хатт».
Юбиляртæн раарфæ кæнынмæ уырыссаг академион театрмæ бирæ адæм æрбацыд. Æхсæнады разамонæг Юрий Асланиди радзырдта, Ирыстон грекъæгтæн Райгуырæн бæстæ кæй ссис, уый. Ацы адæмыхатты истори республикæйы 25 азы размæ нæ, фæлæ нырма 19-æм æнусы райдыдта.
Евгения Иоанниди: «Æз уырыссаг дæн, мой скодтой грекъагмæ. Тынг дзæбæх адæм сты. Алы къабæзты кусынц, уыимæ тынг дзæбæх: дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, аразджытæ æмæ æндæртæ».
Сæ фыдæлты æгъдæуттæ грекъæгтæ абон дæр æххæст кæнынц. Сæ къухы стыр æнтысдзинæдтæ бафтыд алы къабæзты – арæзтады, промышленносты, ахуырады, культурæйы. Кадджын изæры се нæзæрдæхудт фæллойы тыххæй грекъæгтæ хорзæхгонд æрцыдысты алыхуызон паддзахадон хæрзиуджытæй.
Хъайтмазты Дзерассæ




