филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:36 вторник, 16 декабря 2025
17 июля 2024, 12:03
Грознайы дарддæр цæуы Кавказы инвестицион форум

Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй дыккаг боны фæткы уыд бирæ ахсджиаг цаутæ æмæ фембæлдтытæ

Грознайы дарддæр цæуы Кавказы инвестицион форум. Сергей Меняйло йæ телеграм-каналы куыд фехъусын кодта, афтæмæй дыккаг боны фæткы уыд бирæ ахсджиаг цаутæ æмæ фембæлдтытæ. Республикæйы разамонæг архайдта хицауады къамисы æмбырды æмæ фембæлд Узбекистаны æмæ Белоруссийы æххæстбарджын минæвæрттимæ. Ныхас кодтой иумæйаг проекттæ æххæст кæныныл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — нæ республикæйы стенды равæрдтой 29 проекты фондз къабазы. Уыдон бахастой Цæгат Ирыстоны райрæзты пъланмæ 2030 азмæ. Форумы уымæй дарддæр равæрдтой бынæттон аграрийты продукци. Знон Кавказы инвестицион форумы Цæгат Ирыстоны стенд бабæрæг кодтой Михаил Мишустин æмæ Узбекистаны премьер-министр Абдулла Арипов. Уæрæсейы Хицауады Сæрдарæн радзырдтой нæ экспозицийы тыххæй, æмæ нæ регионы инвестицион хъомысы тыххæй. Стыр æргом аздæхтой экономикон рæзтмæ. Йæ телеграм-какналы республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Премьерæн загъта бузныджы ныхæстæ, Цæгат Ирыстоны хъæппæристæн ахæм æххуыс кæй цæуы, уый тыххæй. Уымæй дарддæр ма регионы разамонæг архайдта, Цæгат Кавказы регионты инвестицион хъомыс фæфылдæр кæныны Сессийы. Ныхас цыд паддазхадон æххуысы мадзæлттыл, æмæ инвестицион климæты ахадындзинадыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania